Слӕууыдтӕн мӕ къӕхтыл: куыд хос кӕнынц Хуссар Иры донӕй артрозӕн

© Sputnik / Natalia AiriyanДжиоты Тамара ӕмӕ Къуылыхты Земфира
Джиоты Тамара ӕмӕ Къуылыхты Земфира - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууӕ сылгоймагӕн ирвӕзынгӕнӕг ссис Згъубиры хосгӕнӕн донгуырӕн, цы ран уыдон цалдӕр мӕйы размӕ райстой ваннӕтӕ

ЦХИНВАЛ, 23 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕрӕг Джиоты Тамара артрозимӕ бирӕ ӕзты тохы фӕстӕ хосгӕнӕн ваннӕты фӕрцы фӕсырдта йӕ низ, йе 'нӕниздзинад зынгӕ фӕхуыздӕр кодта йӕ хӕлар Къуылыхты Земфира дӕр.

Дыууӕ сылгоймагӕн ирвӕзынгӕнӕг ссис Згъубиры хосгӕнӕн донгуырӕн, цы ран уыдон цалдӕр мӕйы размӕ райстой ваннӕтӕ.

"Ацы доны диссаджы ӕууӕлтӕ куы фехъуысон, уӕд ацыдтӕн Згъубирмӕ. 12 ваннӕйы райстон, авд боны дзы фӕдӕн ӕмӕ мӕ къӕхтыл слӕууыдтӕн, уӕдмӕ ӕнӕ ӕххуысӕй нӕ цыдтӕн", - радзырдта Джиоты Тамара.

Сылгоймаг артрозимӕ тох кодта авд азы дӕргъы.

© Sputnik / Natalia Airiyan Джиоты Тамара
Слӕууыдтӕн мӕ къӕхтыл: куыд хос кӕнынц Хуссар Иры донӕй артрозӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Тамара

"Дзӕуыджыхъӕуы дохтыртӕ мын загътой, зӕгъгӕ, ӕнӕ операцийӕ нӕ фӕрвӕздзынӕ. Уымӕ та мӕ ныфс нӕ ахстон", - бафтыдта уый.

Тамара донхосгӕнӕндӕттӕм рагӕй цӕуы, фӕлӕ ахӕм диссаджы фӕстиуӕг никуы ма ӕрӕййӕфта.

"Къодибыны абанойы донмӕ дӕр цыдтӕн, цалынмӕ дзы уыд хосгӕнӕндон. Тамиск ӕмӕ Бирӕгъзӕнджы дӕр уыдтӕн, фӕлӕ мын цыма Зъубиры дон дохтыр рафыста, афтӕ баххуыс ис", - бафтыдта сылгоймаг.

Тамараимӕ иумӕ ма доны диссаджы ӕууӕлтӕ йӕхиуыл бавзӕрста йӕ сыхаг Къуылыхты Земфира - уый дӕр зынгӕ сфидар кодта йӕ ӕнӕниздзинад Згъубиры доны.

© Sputnik / Наталья АйриянЗгъуыбиры хосгӕнӕн
Слӕууыдтӕн мӕ къӕхтыл: куыд хос кӕнынц Хуссар Иры донӕй артрозӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Згъуыбиры хосгӕнӕн

"Мӕн хъӕуы операци саразын, фӕлӕ  ваннӕты фӕстӕ зынгӕ фӕхуыздӕр дӕр. Згъубиры куы уыдтӕн, уӕд та бынтондӕр ницӕмӕй тыхстӕн. Ӕрмӕст артроз нӕ, фӕлӕ ма ӕндӕр низтӕ дӕр ныннымӕг сты", - радзырдта уый.

Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Згъубиры хъæумæ хæстæг уалдзæджы райдайæны Цхинвалы цæрæг Босыкты Владимир бакодта донхосгæнæндон. Сабырдзинады æмæ хорз уавæрты баулæфынæй дарддæр ма ам хоскæнæн ис артроз, диабет æмæ цармы кæцыдæр низтæн.

Хуссар Иры амалиуӕггӕнӕг кӕны хосгæнæн хӕхты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Доны тых: Хуссар Иры амалиуӕггӕнӕг кӕны хосгæнæн хӕхты

Хосгæнæн пансионат æрбынат кодта Згъубиры хъæуы цур Леуахийы донгуырæнмæ хæстæг. Ӕвæрд у денджызы æмвæзадæй 1 550 метр бæрзонддæр, температурæ та зынгæ ныллæгдæр столицæйæ. Пансионаты ис 8 бынаты, интернет, бастдзинад, сæрмагонд къæбиц, камин, хъармгæнæн системæ.

Хосгæнæн процедурæтæ цæуынц цалдæр минералон доны гуырæнæй – душ исынц минералон дон "Аландон"- ы суадонæй, ваннæтæ та сты æндæр гуырæнæй, уымæн дæр йæ диссаджы æууæлтæ сфæлвæрдтой адæмыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0