Сгарджытӕ ӕмӕ ирвӕзынгӕнджытӕ: Хуссар Иры фондз зондджын куыдзы

© Sputnik / Natalia Airiyan Красавица
Красавица - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зондджын куыйтӕ ис уӕлвӕткон уагдоны ӕмӕ мидхъуыддӕгты министрады дӕлбар милицийы сӕрмагонд нысаниуӕгджын къордмӕ

ЦХИНВАЛ, 8 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны дыууӕ уагдоны сконды ис кинологон службӕтӕ. Овчаркатӕ ӕмӕ лабрадортӕ рацагурынц срӕмудзӕн ӕрмӕг, давӕггӕгтӕ, ссарынц фыдбылызы бахауӕг адӕмы.

Фондз зондджын куыдзы

Зондджын куыйтӕ ис уӕлвӕткон уагдоны ӕмӕ мидхъуыддӕгты министрады дӕлбар милицийы сӕрмагонд нысаниуӕгджын къордмӕ. Фондз куыдзы бӕрны ис агурӕн операцитӕ - тӕссаг срӕмудзӕн ӕрмӕг ссарын ӕмӕ сӕрмагонд хӕслӕвӕрдтӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Кинолог Тулойты Георгийы йæ куыдз Арзаимæ
Сгарджытӕ ӕмӕ ирвӕзынгӕнджытӕ: Хуссар Иры фондз зондджын куыдзы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кинолог Тулойты Георгийы йæ куыдз Арзаимæ

Цыппаркъахонтӕй ӕртӕ ис МСНК-мӕ, дыуууӕ та УУМ-мӕ. Фыццаг ӕртӕ - Красавица, Арза ӕмӕ Рокийы ӕнтыстытӕм бахӕлӕг кӕндзысты сгарджытӕ, адӕймаг йӕ сӕр цӕуыл фӕцъӕл кӕны, уыдон куыдзы смудӕнтӕ базонынц уайтагъд. Фӕлӕ ацы хъуыддаджы дӕр æнӕ адӕймаджы ӕххуысӕй нӕу - зондджын куыдз кусы йӕ хицауимӕ тандемы.

Красавица æххæст кæны резонансон хъуыддӕгтӕ

Республикӕйы иууыл куыстхъомдӕр тыхон дӕлхайад - МСНК-ӕн йе 'ртӕ куыдз дӕр ӕмдзу кӕнынц йемӕ. Сӕ куыйты хистӕр - Красавицайыл цӕуы дӕс азы. Коммӕгӕс куыдзӕй сӕрыстыр у йӕ хицау.

"Красавица раргом кодта 15 уголовон хъуыддаджы. Йӕ фӕрцы ссардтой бастдзинады компани "Мегафон"-ы ӕртӕ милуаны. Раргом кодта ӕрӕджы юстицийы министры хӕдзармӕ бабырсджыты дæр. Дӕс хъуыддагӕй фондз сӕххӕст кӕны куыдфӕндыдӕр", - радзырдта кинолог Тулойты Георгий.

Красавица ӕмӕ йе 'мбӕлттӕ Арза ӕмӕ Роки куыдзы цард нӕ кӕныныц, цыппаркъахонтӕн ис хорз уавӕртӕ - вольертӕй дарддӕр ма сын ӕрӕджы мидхъуыддӕгты министрад сарӕзта тезгъойы фӕзуат, ис сын сæхи найӕн бынат дæр хъарм донимӕ.

Арза - Уӕрӕсейы чемпион

Ӕртӕаздзыд Арза та у хӕцӕнгарз ӕмӕ срӕмудзӕн ӕрмӕг агурыны специалист. Цалынмӕ ахсджиаг мадзӕлттӕ ауадзыны бынатмӕ хицауады делегацитӕ, адӕм ӕмӕ бӕрнон уазджытæ бацӕуынц, уӕдмӕ Арзайы фындз уым хъуамӕ дызӕрдыггагӕй мацы ссара, уый басгары бынат.

© Sputnik / Natalia Airiyan Кинолог Тулойты Георгийы йæ куыдз Арзаимæ
Сгарджытӕ ӕмӕ ирвӕзынгӕнджытӕ: Хуссар Иры фондз зондджын куыдзы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кинолог Тулойты Георгийы йæ куыдз Арзаимæ

"Арза у немыцаг, балхӕдтой йӕ Ростовы. Уый фӕстӕ фондз мӕйы ахуырмӕ уыдыстӕм иумӕ Ростовы кинологон центры. У Уӕрӕсейы чемпион, уыцы ерысты архайдтой 300 минӕвары канд Уӕрӕсейӕ нӕ, фӕлӕ ма раздӕры советон республикӕтӕй дӕр. У нывыл куыдз, фæлæ æхсайгæзæрдæ, мӕнмӕ ӕввахс никӕй уадзы", - бафтыда уый.

Йӕ хицауы хӕслӕвӕрдтӕм гӕсгӕ иу уысммӕ куыдз ссары ӕмбӕхст хӕцӕнгарз, фӕлӕ йӕм ӕвналгӕ нӕ кӕны, ӕрмӕст йӕ фарсмӕ ӕрбынат кӕнын, науӕд йӕ фарсмӕ ныррӕйы.

"Ацы куысты ма тынг ахсджиаг у, цӕмӕй куыдз ӕмӕ йӕ хицау кӕрӕдзи хорз ӕмбарой, афоныл рахатай, цы дын ӕмбарын кӕны, уый", - загъта Георгий.

Арза куысты рӕстӕджы нӕ уарзы йӕ фарсмӕ бирӕ адӕмы змӕлд, фӕлӕ йæ уӕддӕр дыууӕ минут дӕр нӕ хъӕуы, цӕмӕй ссара нӕмгуыты тыхтон, ӕмӕ ма уый размӕ цы бынаты уыдысты ӕвӕрд, уый дӕр рахатын.

МСНК-ы æртыккаг куыдз Рокийæн йæ къухдариуæггæнæг ис отпускы, уымæ гæсгæ йæ бон нæу равдисын йæ арæхстдзинад æмæ хъыгзæрдæйæ кæсы йæ каубыд чырынӕй.

Ирвӕзынгӕнджытӕ Эра ӕмӕ Лита

Дыууӕ куыдзы - Эра ӕмӕ Лита та 2014 азӕй фӕстӕмӕ сты Уӕлвӕткон уавӕрты министрады структурӕйы сконды. Уыдон сты хӕххон уавӕрты зӕйты бын адӕмы агурыны специалисттӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Эра ӕмӕ Лита
Сгарджытӕ ӕмӕ ирвӕзынгӕнджытӕ: Хуссар Иры фондз зондджын куыдзы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Эра ӕмӕ Лита

Кӕд уыдон дӕр хӕдзарвӕндагӕй бафауинаг не ʻсты, уӕддӕр афоныл хорз ахуырад нӕ райстой, уымӕ гӕсгӕ сӕ нывыл специалисттӕ нӕ рацыд. Куыйтӕ сты Хаситы Аланы дӕлбар.

"Афоныл семӕ фылдӕр хъуыд кусын, уӕд сын хуыздӕр ӕнтыстаид. Сӕ нысан у, зӕйты бын цы адӕм бахауд, уыдон ссарын", - загъта уый.

Ныридӕгӕн чызджытӕ Эра ӕмӕ Лита арӕх нӕ архайынц операциты, фæлæ уӕлвӕткон уагдоны кусджыты зӕрдӕ рухс кӕнынц хорз уагахастӕй.

© Sputnik / Natalia Airiyan Хаситы Алан йæ куыйтимæ
Сгарджытӕ ӕмӕ ирвӕзынгӕнджытӕ: Хуссар Иры фондз зондджын куыдзы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хаситы Алан йæ куыйтимæ
Ног хабӕртты лентӕ
0