Борджнисы хъӕу суыдзӕн этникон къуым

© Из личного архива Лейлы ДриаевойБорджнисы хъӕу
Борджнисы хъӕу  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Борджнисы хӕдзар-музейы мидæгæй дзы фенæн ис ердо астæурæхысимæ, йæ уæлæ ауыгъд, бинонтæ-иу сæ хæринаг кæм цæттæ кодтой, ахæм цуайнаг. Ам фенæн ис ирон фынг бандæттимæ

ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik, Дриаты Лейла. Ирон адæмы буц æмæ сæрыстыр сты сæ историон бынтæй, фыдæлтæй фæстæмæ нæм чи æрхæццæ сты, уыцы историон цыртдзæвæнтæй. Цы заманты æмæ кæй арæзт сты рагон фыдæлтыккон мæсгуытæ, фидæрттæ, уый тыххæй бирæ алыгъуызон хъуыдытæ ис. Абон дæр бирæ алыгъуызон цымыдисон фарстытæ æвзæрын кæнынц канд ахуыргæндтæм нæ, фæлæ махæй алкæмæ дæр. Уымæн æмæ уыдон дзурæг сты сæ аразджыты цардуагыл, сæ удыгъæд æмæ сæ зондахастыл, сæ куыстуарзондзинадыл, сæ хæстон архайдтытыл, æууæнк æмæ намысыл.

"Ахæм цыртдзæвæнтæ бирæ ис Хуссар Ирыстоны зæххыл дæр æмæ сæ хъуамæ бахъахъхъæнæм, уымæн нæм уыдонæй хъуысы фыдæлты хъæлæс. Раст сæ уымæ гæсгæ хъæуы бавæрын, цæмæй сæ нæ фæстагæттæм адæттæм ахæм хуызы", - зæгъы  Цхинвалы цӕрӕг, ӕхсӕнадон архайӕг Бететы Юрий.

Уыцы хъуыды та йæм æнæнхъæлæджы нæ фæзынд. Уартæ, хæрзæвзонгæй студент ма куы уыд, уæд ын клуб "Апполон"-ы уæвгæйæ йӕ сӕргълӕууӕг  Саулохты Тамарæ афтæ бауарзын кодта Ирыстоны фидæрттæ-мæсгуытæ, æндæр цыртдзæвæнтæ, йæ æрдз, йæ хæхтæ æмæ сын уæдæй фæстæмæ ис арф бынат йæ зæрдæйы. Уымæн ма йын стыр ахъаз фесты йæ мадыфсымæр Цыбырты Людвигы этнографион очерктæ дæр. Фæлæ 2013 азы Рекомы дзуары кувæндонмæ бацæугæйæ, уым зæронд лæгты кувгæйæ, фæсивæды кафгæ, заргæйæ фенгæйæ хъуыдыты ацыдис, тынг æй бафæндыд, ирон цардуагыл дзурæг хъуыддæгтæ Ирыстоны хуссар хайы дæр куы райдаиккой аразын, уый.

© Из личного архива Лейлы ДриаевойБететы Юрий
Борджнисы хъӕу суыдзӕн этникон къуым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бететы Юрий

Æмæ куы æрыздæхт, уæд йе ‘мбæлттимæ сфæнд кодтой горæты æрбахизæны цур кувæндон среставраци кæнын. Авд мæймæ кувæндон йæ хуыз скалдта. Уый фæстæ сын бантыстис Къостайы скверы «Фатимæ»-йы фонтан саразын.

Фæлæ ууыл нæ фæцис йæ хæрзиуæгон архайд Бететы Юрийæн. Уый сфæнд кодта йæ райгуырæн хъæу Борджнисæй этникон хъæу саразын. Фыццаг уал хъæумæ электрохызæджы кусджыты æххуысæй бауагътой рухс, сæхи тыхтæй та йæм рауагътой нуазыны дон. Ныр та æрӕвнæлдта йæ рагондæр бæллиц, ирон хæдзар-музей аразынмæ. Æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта. Йæхи сæрмагонд фæрæзтæй йын бантыст, хæдзар-музей кæм арæзт æрцыд, уыцы къуылдым бынат рафæз кæнын æмæ арæзтадæн бындур æрæвæрын. Уый фæстæ æрывнæлдтой систæ амайынмæ. Бонæй-бон аивдæр кодта æмæ сырæзт хæдзар-музей.

Мидæгæй дзы фенæн ис ердо астæурæхысимæ, йæ уæлæ ауыгъд, бинонтæ-иу сæ хæринаг кæм цæттæ кодтой, ахæм цуайнаг. Ам фенæн ис ирон фынг бандæттимæ. Хæдзарæн йæ иуæрдыгæй фарс нæлгоймæгты бынат, иннæрдыгæй та – сылгоймæгты. Хæдзары сæ бынат ссардтой хæдзарон мигæнæнтæ æмæ алыгъуызон кусæнгæрзтæ: æфсондз, чъеури æмæ æндæртæ.

"Æппæт уыдæттæ саразын, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ бон иунæгæй нæ бауыдаид. Фæлæ мæ хъуыды раст кæмæ фæкастис, ахæм адæймæгтæ разындис тынг бирæ æмæ æрбалæууыдысты мæ фарсмæ, фæдардтой мæм се ‘ххуысы къух æмæ сæххæст мæ бæллиц. Раст у, бирæ фыдæбон дзы ис, фæлæ мах хъуамæ æмбарæм, нæ знæгтæ-иу кæдæм бафтыдысты, уым кæй архайдтой ирондзинад, ирон культурæ скуынæг кæныныл æмæ сæ абон рохуаты куы ныууадзæм, уæд нæ фæстагæттæн нал уыдзæнис, сæрбæрзонд кæмæй уой, ахæм культурон бынтæ", - зæгъы Бетейы фырт.

Юрий куыд зæгъы, афтæмæй тагъд рæстæджы ахуырадон скъолаты ахуырдзаутæн ам фадат уыдзæнис ирон уроктæ ауадзын æмæ сæ сæ рагон фыдæлты историимæ базонгæ кæнынæн. Йæ хъуыдымæ гæсгæ ма дзы хорз фадæттæ уыдзæнис кинофильмтæ сисынæн дӕр.

"Рагæй фæстæмæ дæр Ирыстон уазæг цух никуы уыдис. Йæ рæсугъддзинад дисы æфтыдта æндæр æмæ æндæр рæттæй æрцæугæ уазджыты. Ныр сæ ардæм æрбахонын æмæ сæ фыдæлтыккон историмæ базонгæ кæнынæн уыдзæнис хорз фадæттæ", - банысан кодта уый.

© Из личного архива Лейлы ДриаевойБорджнисы хъӕу
Борджнисы хъӕу суыдзӕн этникон къуым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Борджнисы хъӕу

Хæдзар-музей ахæм бынаты арæзт æрцыд æмæ йæм комкоммæ кæсынц æртæ комæй æртæ дзуары: Хъорнисы, Фæзы æмæ Рагъы дзуæрттæ. Алæмæттаг у йæ алыварс æрдз дæр, раст æй цыма нывгæнæг нынныв кодта, афтæ йæ рæсугъддзинадæй цæстæнгас йæхимæ здахы.

Сæ фæнд ма у хъæуæн йæхи мæсыг æмæ раздæр куыд уыд, афтæ дзы мусы бынат саразын. Фæстаг азты рагон бæрæгбонтæ дæр ирон æгъдауыл банысан кæнынц. Дзуары бынмæ хæстæг сарæзтой кафæн æмæ алыгъуызон хъæзтытæн фадат кæм ис, ахæм фæзуæттæ. Æмæ ныр сæхи бафæдзæхсыны фæстæ, дзаджджын фынгтыл æрбадыны фæстæ, фæсивæдæн фадат вæййы алыгъуызон ерысты хайад райсынæн, сæ арæхстдзинад кафын æмæ зарынæй равдисынæн. Фæуæлахизуæвджытæн та лæвæрд æрцæуынц алыгъуызон лæвæрттæ.

Бететы Юрий ма куыд зæгъы, афтæмæй хъæуы арæзт æрцæудзæнис цыхцырæг,  фыдæлтæм куыд уыд, афтæ. Уым та фадат уыдзæн сæрдыгон хи асатæг кæнынæн. Нӕлгоймаг ма куыд банысан кодта, афтæмæй хъæумæ Дзауы администраци фæхуыздæр кæндзæнис фæндаг дæр, æнæуый дæр сæм хæдзар-музей аразынæн дæр фæдаргъ кодта йе ‘ххуысы къух æмæ дзы уый тыххæй дæр æгæрон бузныг у.

"Бирæ адæм нæм фæдаргъ кодтой се ‘хуысы къух æмæ сæ номхыгъд уыдзæнис хæдзар-музейы къулыл, уадз æмæ ардæм æрбацæуджытæ зоной, Ирыстоны зæрдӕйæ чи уарзы æмæ йæм бахъуады сахат йе ‘хуысы къух чи фæдаргъ кæны, уыцы патриоты", - бахахх кодта уый.

Цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Ахæм культурон объекттæ арæзт цæуы Кърозы, Цъорбисы, Чеселты дæр æмæ чизоны ацы хорз хъæппæрис бафæзмой æндæр хъæуты цæрджытæ дæр æмæ цадæггай срæсугъд кæндзысты сӕ хъæутæ æмæ сæм фæстæмæ раздæхдзæнис сæ кæддæры фарн.

Ног хабӕртты лентӕ
0