Гиппократы ардбахæрдыл æнувыд: медхо Хуыгаты Мӕдинӕ "сырх зонӕйы" тыххæй

© Sputnik / Natalia Airiyan Медхо
Медхо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕдинæ 30 азы дæргъы кусы Цхинвалы рынчындоны алыгъуызон хайадты медхойæ. Уал азы дæргъы цал пациентæн балæггад кодта, уыдонæй хъусы æрмæстдæр арфæйы ныхæстæ йе ‘нувыд ахаст æмæ хæларзæрдæ удыхъæды тыххæй

ЦХИНВАЛ, 21 дек – Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы сывæллæтты рынчындоны медицинон хо Хуыгаты Мӕдинæ фыццаг хатт нæ федта рынчын адæм, фæлæ "сырх зонæмæ" фыццаг бон куы бахызт, уæд æм фæзындысты цавæрдæр тас æмæ тæригъæддзинады æмхæццæ æнкъарæнтæ. Афтæ йæм фæкаст, бирæ азты дæргъы цы куыст кæны, уый æмæ ныртæккæ йæ разы цы уыны, уымæн иудзинадæй ницы ис.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сӕйраг инфекционист радзырдта РБМЦ "сырх зонӕйы" уавӕры тыххӕй

Сывæллæтты рынчындоны æрмæст палатæтæ нæ, фæлæ къæлидорты дæр рынчынтæй нæ уыд къухбакæнæн. Уыдонæй алчидæр уыд тыхст уавæры.

"Сæйраджыдæр, мæ цæстæнгас схæцыд, сæ фылдæрæн улæфын зын кæй уыд, уыдысты туаггуыры баллонтæм иу. Дохтырты рафысгæ хостæм куы ‘ркастæн, уæд мæ, раст зæгъгæйæ, нæдæр уыд ныфс, уыйбæрц капельницæтæ æмæ судзинтæ аразыныл аххæссын. Уыдон уыдысты тынг бирæ. Æдæппæт рынчынты нымæц уыд 40-мæ æввахс, мах та æрмæстдæр дыууæ медхойы", - мысы Мӕдинӕ.

Республикæйы æмбæстæгтыл пандеми афтæ тагьд апарахат уыдзæнис, уый æнхъæл ничи уыд, уымæ гæсгæ РММЦ куыд цæттæ уыд, уый фаг нæ разынд. Бахъуыд сывæллæтты рынчындоны дæр инфекцион хайад райтынг кæнын. Медицинон рынчындоны кусджытæн арæзт æрцыд график, куыстой сменæты æмæ афтæмæй хос кодтой вирусæй рынчынтæн.

Мӕдинæ иу æмæ дыууæ сменæйы нæ бакуыста "сырх зонæйы". Йæ рынчынтæй бирæтæ схос кодтой æмæ ацыдысты сæ хæдзæрттæм, фæлæ сæ, хъыгагæн, йæ хæдзарыл чи нал сæмбæлд, ахæмтæ дæр уыд. Уыдонæй алкæйы цæстæнгас дæр баззад медхойы хъуыдыты.

"Тынг зын у, адæймаджы раз æрбалæууын æмæ йын йæ тыхст уавæрмæ æдыхæй кæсын… уый дæм ныфсы цæстæй кæсы, дæуæн та æмбæрст у, ницыуал ын баххуыс уыдзæн, æрмæст ма æвæрыс хуымæтæджы ныфсытæ", - загъта Мӕдинӕ.

Цхуырбаты Захар куы æрбарынчын ис, уæд рынчындонмæ комгæ дæр нæ кодта, зæгъгæ, цы диссаг у, рынчын никуы уыдтæн, фæлæ йæ уавæр бæрæг куы февзæрдæр ис, уæд æй бахъуыд схуыссын. Кодтой йын æмбæлон хос, фæлæ, æвæццæгæн, æнæхосæй æгæр кæй аззад, уымæ гæсгæ низ стыхджын æмæ йæ ныхмæ тох кæнын нал сфæрæзта. Ацыд а-дунейæ Захар. Мӕдинæ йæ уæды онг уынгæ дæр никуы фæкодта, фæлæ йыл йæ зæрдæ фæрыст тынг, арæх æй æрымысы æрхæндæгæй.

Волонтер Тедеты Анжела - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Алы рынчыны хуыз дӕр баззад мӕ зӕрдыл": волонтер Тедеты Анжела "сырх зонӕйы" тыххӕй

Мадинæ æрмæст "сырх зонæйы" нæ балæггад кодта йе 'мбæстæгтæн, фæлæ ма куыд рабæрæг ис, афтæмæй йæм чидæриддæр бахаты капельницæ кæнæ судзин аразынмæ, уыдонмæ æнæзивæгæй фæцæйуайы хæдзæрттæм дæр.

"Адæймаджы царды æппæты сæйрагдæр у æнæниздзинад, фæлæ, хъыгагæн, ныры дуджы æнæниз адæм стæм сты. Æз мæхицæн стыр хæсыл нымайын медицинон æххуыс бакæнын, куыд медик, афтæ дæр æмæ куыд æмбæстаг, афтæ дæр. Вæййы афтæ, æмæ рынчынæн кæд дохтыр рафыссы хостæ, уæддæр йæ бон нæ вæййы рычындоны хос кæнын. Уымæ гæсгæ мæ хæсыл нымайын ахæмтæн сæ фарсмæ балæууын", - банысан кодта Хуыгиан.

30 азы дæргъы кусы Мӕдинæ Цхинвалы рынчындоны алыгъуызон хайадты медхойæ. Уал азы дæргъы цал пациентæн балæггад кодта, уыдонæй хъусы æрмæстдæр арфæйы ныхæстæ йе ‘нувыд ахаст æмæ хæларзæрдæ удыхъæды тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0