Захаров: волонтертӕ куыстмӕ цӕуӕгау ӕрвылбон фӕзынынц Цхинвалы рынчындоны

© Sputnik / Дриаты ЛейлаЗахаров Инал
Захаров Инал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры коронавирусы парахаты фӕдыл сæвзæргæ уавæрмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нӕ кӕсы, уыцы ӕвзонг адӕмӕй иу у УУМ кусӕг Захаров Инал

ЦХИНВАЛ, 12 янв — Sputnik, Дриаты Лейла. Ныр иу аз дæргъы медицинон кусджытæ тох кæнынц уæззау хæцгæ низимæ. Сæ куыстыл куы нæ уал æххæссыдысты, уæд сæм æххуысы къух фӕдаргъ кодтой волонтертæ ӕмӕ уый бирæбæрцæй фæрог кодта уавӕр.

Октябры мæйы Хуссар Иры коронавирус куы апарахат, уæд рынчынты нымæц бонæй-бонмæ фылдæр кодта, уыимæ иумæ рæзтысты туаггуыры хæрдзтæ дæр. Боны мидæг хъуыд 200 баллоны бæрц. Фæстагмæ кæд рынчынты нымæц фæкъаддæр, уæддæр туаггуыр нырма бирæ хъуыд. Цалынмæ волонтертæ не ‘рбацыдысты, уæдмæ тынг зын уыд кусын.

© Sputnik / Лейла ДриаеваИнал Захаров
Захаров: волонтертӕ куыстмӕ цӕуӕгау ӕрвылбон фӕзынынц Цхинвалы рынчындоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Инал Захаров

"Сырх зонæ"-йы туаггуырæй ифтонг кæныныл цы волонтертæ куыстой, уыдонæй алчи дæр у раппæлыны аккаг. Се ‘нæниздзинадыл æнæауæрдгæйæ, уыдон æхсæвæй-бонæй уыдысты рынчындоны æмæ афтæмæй лæууыдысты туаггуыры хайады.

Йе ‘ххуысы къух чи бадардта, уыдонæй иу у Уæлвæткон уавæрты министрады кадртæ цæттæгæнæн хайады хистæр Захаров Инал. Ацы зын рæстæджы йӕ иу ран бадын нæ бафæндыд, фæлæ адæмæн æххуыс кæнын. Инал бацыд рынчындонмæ, балæууыд рынчынтæ æмæ дохтырты фарсмæ. Зонæмæ бахизгæйæ, фыццаджыдæр, банкъардта, æххуысы къухты хъуагдзинад.

"Ацы дарæсы кусын тынг зын у. Фæлæ адæймагмæ, æвæццæгæн, тых æмæ хъару разыны бахъуыды рæстæджы. Тыхст рæстæджы нæ хъуыды кæныс ууыл æмæ ма дæ дон кæнæ хæлц хъæуы. Рынчынты тыхст, æххуысмæ æнхъæлмæгæсæг цæстытæм-иу куы бакастæн, уæд-иу мæ æппæт дæр айрох, фæндыдис мæ æрмæстдæр уыдонæн исты феххуыс кæнын", - зæгъы Инал.

Захаровæй зæгъæн ис, æмæ "æрцард" рынчындоны. Йæ удуæлдай æнæрлæугæ куыст æмæ тыхтæ дæтты рынчынтæн, йæ фæллад мурмæ дæр нæ дары.

Ацы уавæрты, æнæниздзинад æппæты зынаргъдæр хæзна кæй у, уый æмбаргæйæ, волонтертæ æвдисынц æцæг хъæбатырдзинад, сæ зонындзинæдтæ, сæ хъарутæ æнæвгъауæй дæттынц рынчын адæмæн.

© Sputnik / Дриаты ЛейлаЗахаров Инал йе 'мбæлттимæ
Захаров: волонтертӕ куыстмӕ цӕуӕгау ӕрвылбон фӕзынынц Цхинвалы рынчындоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Захаров Инал йе 'мбæлттимæ

"Карз низы ныхмæ иумæйаг хъарутæй тох кæнынц нæ фæсивæдæй бирæтæ. Кæмæн куыд йæ бон у, афтæ йе ‘ххуысы хай хæссы. Низ фæкъаддæр, рынчынтæ дæр уыйбæрц нал сты. Стæй туаггуыры сæрмагонд хахх уагъд кæй æрцыд дыккаг уæладзыгмæ, уый дæр бирæ фæрог кодта куыст. Фæлæ раздæрау машинæтæй райсын хъæуы баллонтæ. Волонтертæ раздæрау сæ куыстмæ цæуæгау æрбацæуынц, медперсоналæн сæ къух рог кæнынц", - бафтыдта лæппу.

Бузныг нæ волонтертæн сæ хъæбатырдзинадæн, хæрзаудындзинадæн.

Вазыгджын у сæ куыст ныры рæстæджы, адæмы æнæниздзинадыл чи архайы, уыдонæн, сæ зынтæ ницæмæ даргæйæ, кусынц райсомы ныфсæй. Æмæ сын уадз уыцы ныфс дывæр кæнæд.

Ног хабӕртты лентӕ
0