Машинӕты дохтыр: куыд фӕивы бӕллӕххы бахауӕг хӕдтулгӕ Джиоты Анатолийы къухты

© Photo : Дриаты ЛейлаДжиоты Анатолий
Джиоты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.02.2021
Рафыссын
Куыстуарзаг лæппу йæ къухмæ райста дзæбуг æмæ цыбыр рæстæгмæ фæхæст йæ дæсныйадыл, 6 мæйы фæстæ æнæ искæй æххуысæй æххæст кодта фæлхасгæнджыты домæнтæ

ЦХИНВАЛ, 8 фев – Sputnik, Дриаты Лейла. Хæдтулгæйы хицауы кæддæриддæр фæнды, цæмæй йæ бæрныуæвæг техникæ йæ куыст кæна æнæкъуылымпыйæ, уыимæ йе ‘ддаг бакастæй дæр рухс кæна куыд йæхи, афтæ æддагон адæймæгты зæрдæ дæр. Фæлæ хатт бæрæг аххосæгтæм гæсгæ шофыр уыцы хæрзиуджытæй фæцух вæййы æмæ уæд æххуысы охыл балæууы, зест чи раст кæны, уыцы арæхстджын кусæджы разы.

Ацы зын, фæлæ æнæмæнгхъæуæг дæсныйад равзæрста йæхицæн Цхинвалы районы Къостайы хъæуы цæрæг Джиоты Анатолий.

"Хæрзæвзонгæй бауарзтон хæдтулгæтимæ архайын, сæ бакастæй кæддæриддæр истон æхцондзинад. Уый, нывыл-иу куы уыд, уæд, фæлæ алкæд афтæ кæцæй уыдаид, хатт-иу хӕдтулгӕ бахауд бæллæхы æмæ уæд ды бакæс æмæ уымæ", - дзуры нӕлгоймаг.

Фæлæ уӕдмӕ ацы хъæуы фæзынд, хæдтулгæты сæ раздæры гаччы чи æрбадын кодтаид, ахæм фæлтæрд кусджытæ -æфсымæртæ Тегкаты Рудик æмæ Лева.

"Сæ ном айхъуыст æмæ сæ цехы æрлæууæнтæ дæр нæ уыд аразинаг машинæтæй. Мæндæр бафæндыд уым бафæллой кæнын æмæ мæ хъуыды бамбарын кодтон æфсымæртæн", - мысы йӕ фӕллойадон фӕндаджы райдиан Анатолий.

© Photo : Дриаты ЛейлаДжиоты Анатолий
Машинӕты дохтыр: куыд фӕивы бӕллӕххы бахауӕг хӕдтулгӕ Джиоты Анатолийы къухты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.02.2021
Джиоты Анатолий

Уæд куыстуарзаг лæппу йæ къухмæ райста дзæбуг æмæ цыбыр рæстæгмæ фæхæст йæ дæсныйадыл, 6 мæйы фæстæ æнæ искæй æххуысæй æххæст кодта фæлхасгæнджыты домæнтæ. Уæдæй нырмæ рацыд 27 азы æмæ дзы уал азы дæргъы райгонд вæййынц, кæй бæрны бацæуы, уыцы хæдтулгæты хицæуттæ.

"Иу бакастæй афтæ зыны, цыма æнцон куыст у. Фæлæ бынтон афтæ нæу, хатт бахъæуы æфсæйнаг тыхджын æрцæвын, стæй та дзæбугæй райхъуысы чысылдæр зæлланг. Уыдон дыууæ дæр хъæуы хатын, цæмæй дзы ма рантыса уæлдай, æнæраны цæф. Дзæбуджы архайдимæ иумæ фæстæдæр сæ куыст бакæнынц къухы æнгуылдзтæ æмæ фæбæрæг кæнынц зесты раст æмæ аивдзинад", - банысан кодта машинӕты дохтыр.

Анатолий æмбары, йæ сæххæстгонд куысты фæстæ хæдтулгæмæ дарддæр кæй фæхæццæ вæййынц ахорæджы къухтæ. Зæгъын хъæуы, ахорæджы дырыс æмæ æнæаипп куыст кæнгæ кæй у зестгуыстгæнæгæй.

Джиойы фырт никуы хъуыды кæны, йæ сæххæстгонд куыстмæ йын ахорæг искуы фау æрхаста. Афтæ æмæ йæ дæргъвæтин æмæ æнæзивæг фезмæлдæй алы хатт дæр бузныг æмæ райгондæй баззайы, йæ хæрзифтонг хæдтулгæйыл ногæй чи бабады, уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0