Мæ фыды сæр иу æхсæвмæ сурс ис: Хуссар Иры 1991 азы зæххæнкъуыст Козаты Ренайы мысинæгты

© Из архива Рены Козаевой Хуссар Иры 30 азы размæ зæххæнкъуыст Козаты Ренайы мысинæгты
 Хуссар Иры 30 азы размæ зæххæнкъуыст Козаты Ренайы мысинæгты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.04.2021
Рафыссын
Чызг æрымысыд 1991 азы 29 апрелы зæххæнкъуыст, йæ цæстыты раз йæ скъола куыд ныккалд, йæ райгуырæн район нал зынд рыгæй, йæ фыдæн та фыр мæтæй иу суткæмæ сурс ис йæ сæр

ЦХИНВАЛ, 29 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры Дзауы районы 30 азы размæ уалдзæджы ницы рагзагъд кодта, стыр фыдбылыз кæй æрцæудзæн Ирыстоныл, æрмæст дыууæ бон раздæр æнахуыр тынг сарæх сты кæлмытæ, мысы Дзауы скъола-интернаты уæды фæндзæм къласы ахуырдзау Козаты Рена.

Хуссар Иры мысынц 91 азы зæххæнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.04.2019
Хуссар Иры мысынц 91 азы зæххæнкъуысты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Хуссар Ирыстоны 30 азы размæ æрцыд егъау æрдзон бæллæх, иууыл тынгдæр зæххæнкъуысты тых уыд Дзауы районы (8,5 баллы). Иу уысммæ зæххы къорийæ фæтары Хахеты хъæу. Бæллæх ахаста æмткæй 59 адæймаджы цард, уыдонæй 21 уыдысты сывæллæттæ.

Козаты Рена 1991 азы 29 апрелы 12 сахат æмæ 13 минутыл иннæ скъоладзаутимæ хъазыд сæ скъола-интернаты уынджы. Уыцы бон Козатæ æгас бинонтæй - ныййарджытæ сæ æртæ чызгимæ - уыдысты скъолайы. Ренайы фыд уæд куыста интернаты директорæй, йæ мад та ахуыргæнæгæй. Фæлæ хистæртæ ацыдысты митингмæ. Хæстæфхæрд Ирыстон ралæууыд Гуырдзыстоны фæнды ныхмæ - уæд хъавыдысты Дзау æмæ Знауыры статустæ аивын. Сывæллæттæ та хъазыдысты кæрты.

"Митинг хъавыдысты ауадзын фæссихор, фæлæ йæ стæй аргъæвтой 12 сахатмæ, уый фæрцы фыдбылыз æрæййæфта адæмы уынгты æмæ аирвæзтысты", - радзырдта Рена.

Ренайы ныхæстæм гæсгæ, зæххæнкъуыстæй дыууæ бон раздæр æнахуыр тынг сарæх сты кæлмытæ. Скъоладзутæ–иу сæ ахсгæ дæр æркодтой цалдæргæйттæй.

"Иутæ дзырдтой, ома райхъал сты æмæ рабырыдысты, фæлæ сæ нымæц уыд æнахуыр бирæ. Хистæртæ дæр дзырдтой, уый бæрц дзы кæй никуы федтой. Уый фæстæ ацы хабар дæр бастой зæххæнкъуыстимæ", - мысы Козаты Рена.

© Photo : Ленгиор Гусов (архив НИИ РЮО) Хуссар Иры 30 азы размæ зæххæнкъуыст
Мæ фыды сæр иу æхсæвмæ сурс ис: Хуссар Иры 1991 азы зæххæнкъуыст Козаты Ренайы мысинæгты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.04.2021
Хуссар Иры 30 азы размæ зæххæнкъуыст

Зæххæнкъуысты рæстæджы цы арæзтæдтæ ныккалдысты Дзауы районы, уыдон нымæцы уыд интернат дæр. Фæлæ мин ахуырдзауæй фылдæрæй уыцы уысм скъолайы разындысты æрмæстдæр дыууæ къласы ахуырдзаутæ. Уыдонæй æртæ дыккагкъласоны амардысты кæлæнты бын.

"Уроктæй нæ ссæрибар кодтой æмæ хъазыдыстæм уынджы. Ӕвзæр æй хъуыды кæнын, фæлæ райдыдта æнхуыр гуыбар-гуыбур. Стæй кæлын райдыдтой интернаты ныхмæ базарадон центры рудзгуытæ, сыстад æнхуыр рыг", - мысы чызг.

Сывæллæттæ тасы бахаудтой æмæ лидзын райдыдтой скъолайы æмбонды рдæм, уым хистæртæ сæ размæ ратындзыдтой æмæ сæ истой йæ сæрты.

Къуайса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.11.2018
Къуаисайы зæххæнкъуыст ракалдта хох æмæ цæрджыты "расырдта" уынгтæм

"Лидзгæ-лидзын афæлдæхтæн æмæ фæстæмæ акастæн. Интернаты дыууæуæладзыгон корпусæй ма аззад йæ дыууæ кæроны, аннæ иууылдæр ныккалд", - загъта уый.

Уый фæстæ цаутæ Рена хъуыды кæны æвзæрдæр, йæ зæрдыл ма лæууы æрмæст, ахуыргæнджытæ сæ куыд æмбырд кодтой фæткъуыбæлæсты аууонмæ.

Зæххæнкъуысты фæстæ йæ фыд Козаты Роланд уыд бæллæхы фæстиуджыты хъуыддæгты, уымæ гæсгæ йæ йæ бинонтæ федтой æрмæстдæр дыккаг изæр.

"Зæххæнкъуысты фæстæ нæм мæ фыд бацыд æмæ нæ бафарста, куыд стæм, стæй дыккаг изæрмæ мах уый нал федтам. Хæдзармæ куы æрбацыд, уæд æй нал базыдтам - йæ сæр иууылдæр уыд урс-урсид. Уæд ыл цыд æрмæст 41 азы. Мæ хо æнхъæлдта, рыгæй йын кæй сурс ис æмæ йын æй сæрфын райдыдта. Цасдæр рæстæджы фæстæ та йæ сæры хъуынтæ фæстийæ чысыл фæсау сты, фæлæ уæддæр урсхилæй баззад", - радзырдта Рена.

Хуссар Ирыстоны 1991 азы зæххæнкъуыст иууыл стырдæр зиан æрхаста Дзауы районæн. Стыр хъыгдард ма баййæфта Знауыры район дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0