Хуссар Иры Паддзахадон телеуынады сӕйраг оператор радзырдта, куыд бауарзта телестъалыйы

© Из архива Карины ГаглоевойТъехты бинонтӕ - Джони ӕмӕ Карина
Тъехты бинонтӕ - Джони ӕмӕ Карина - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.07.2021
Рафыссын
Джони ӕмӕ Карина цӕрынц иумӕ ныр 18 азы, хъомыл кӕнынц дыууӕ сывӕллоны - Аслан ӕмӕ Машайы. 18 азы бинонты царды фӕстӕ Джони фӕсмон кӕны ӕрмӕст иу хъуыддагыл - Карина йын йӕ сӕр кӕй сурс кодта, ууыл

ЦХИНВАЛ, 8 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынады сӕйраг оператор Тъехты Джони радзырдта Sputnik, йӕ фидӕны ӕмкъайимӕ сӕ кӕй базонгӕ кодта куыст ӕмӕ куыд бауарзта телестъалы Гаглойты Каринайы.

Чырыстон диныл хӕсджытӕ абон, 8 июлы, нысан кӕнынц сыгъдӕг Петр ӕмӕ Февронияйы бон, адӕм та йӕ хонынц Уарзондзинад, иузӕрдиондзинад ӕмӕ бинонты бон. Хъӕрмуд бинонты нымӕц 2003 азы баххӕст кодтой Тъехты ӕмкъӕйттӕ дӕр.

© Из архива Карины ГаглоевойТъехты бинонтӕ - Джони ӕмӕ Карина
 Хуссар Иры Паддзахадон телеуынады сӕйраг оператор радзырдта, куыд бауарзта телестъалыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.07.2021
Тъехты бинонтӕ - Джони ӕмӕ Карина

Ӕвзонг адӕмы фембӕлын кодта ПТРК "Ир".

"Скъолайы фӕуды фӕстӕ бацыдтӕн телеуынынадмӕ кусынмӕ мӕ сыхаг Гаглойты Аллайы амындмӕ гӕсгӕ. Стӕй ацыдтӕн ӕфсадмӕ, уый фӕстӕ куы баздӕхтӕн куыстмӕ, уӕд Карина дӕр куыста уым. Уыд ӕнӕсӕрмӕхӕссон телестъалы", - радзырдта Тъехты Джони.

Ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты кӕрон паддзахадон телеуынынад уыд йӕ къахыл слӕууыны фӕндагыл. Уагдоны куыстой ӕвзонг фӕлтӕр. 

"Уӕд дзы сӕвзӕрд бирӕ бинонтӕ - Гаглойты Ацӕмӕз ӕмӕ Джиоты Валентина, Гӕбӕраты Вадим ӕмӕ Зӕгъойты Рада, Гайты Вадим ӕмӕ Багаты Екатерина, Козаты Инал ӕмӕ Цхуырбаты Алла ӕмӕ ӕндӕртӕ. Ӕз дӕр мӕ цӕст ӕрӕвӕрдтон Каринайыл. Цалынмӕ йӕ нӕ бауарзтон, уӕдмӕ мын ӕнцойад нӕ дӕтта йӕ 'нӕсӕрмӕхӕссондзинад", - мысы Джони.

© Из архива Карины ГаглоевойТъехты бинонтӕ - Джони ӕмӕ Карина
 Хуссар Иры Паддзахадон телеуынады сӕйраг оператор радзырдта, куыд бауарзта телестъалыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.07.2021
Тъехты бинонтӕ - Джони ӕмӕ Карина

Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ фидӕны ӕмкъӕйтты ахастытӕ фӕхъӕрмуддӕр сты. Лӕппуйыл 20 аз сӕххӕст ис ӕмӕ аскъуыддзаг кодта ус ӕрхӕссын.

"Карина ма куыста газет "Республикӕйы" (Молодежь Осетии). 29 апрелы нысан кодтой газеты бон. Ӕз ӕй ме 'фсымӕримӕ ракодтон куыстӕй ӕмӕ йӕ афардӕг кодтон Дыгъуызты хъӕумӕ", - банысан кодта лӕппу.

Карина дӕр уыцы бон мысы мидбылхудтимӕ.

"Сӕрӕй мӕ удхӕссӕг уыд, фӕлӕ йӕм стӕй мӕ ахаст фӕивтон. Уыцы бон мӕ хызын дӕр баззад куысты. Фӕлӕ 18 азы дӕргъы никуы фӕфӕсмон кодтон", - загъта Карина.

Джони ӕмӕ Карина цӕрынц иумӕ ныр 18 азы, хъомыл кӕнынц дыууӕ сывӕллоны - Аслан ӕмӕ Машайы.

© Из архива Карины ГаглоевойТъехты бинонтӕ
 Хуссар Иры Паддзахадон телеуынады сӕйраг оператор радзырдта, куыд бауарзта телестъалыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.07.2021
Тъехты бинонтӕ

18 азы бинонты царды фӕстӕ Джони фӕсмон кӕны ӕрмӕст иу хъуыддагыл - Карина йын йӕ сӕр кӕй сурс кодта, ууыл.

"Фыццаг уыд цымыдис, тынгад ӕмӕ уарзт. Стӕй ма сӕм бафтыд зӕнӕг- царды бындур. Мӕ сӕр мын сурс кодтой. Ӕндӕр ницӕмӕй хъаст кӕнын", - балхынцъ кодта уый.

© Из архива Карины ГаглоевойТъехты бинонтӕ
 Хуссар Иры Паддзахадон телеуынады сӕйраг оператор радзырдта, куыд бауарзта телестъалыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.07.2021
Тъехты бинонтӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0