Фараст азы рӕстӕгмӕ уавӕрты: куыд цӕрынц Зардиаты хъӕуы адӕм хӕрам бӕстӕты хсӕн

© Sputnik / Natalia Airiyan Тристан
Тристан  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2021
Рафыссын
Бестауты Тристан ӕмӕ йӕ бинонты хъысмӕтыл Sputnik фыста дыууӕ азы размӕ, лӕджы царды уӕдӕй нырмӕ хорзӕрдӕм ницы фӕивта. Тристан ӕмӕ Людмила фӕстӕмӕ цӕрынц арӕнты астӕу, сӕ зӕнӕджы уынынц стӕм хатт, Ирыстонмӕ ӕрбахизыны фадат сын ис режиммӕ гӕсгӕ

ЦХИНВАЛ, 15 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны 2008 азы ирон-гуырдзиаг хӕстӕй цыппар азы фӕстӕ сцайдагъ бӕстӕйы арӕнтӕ сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ банысан кӕныны куыст. Демаркаци ӕмӕ делимитацийы фӕрдыл къамис республикӕйы фылдӕр цӕрджытӕн ӕрхаста ӕдасдзинады гарантитӕ, стӕмтӕн та - ӕдзухон проблемӕтӕ.

2012 аз Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Зардитаты хъӕуы цӕрджыты бакодта проблемӕты ахӕсты. Арӕн нысангӕнджытӕ ныллыг кодтой хъӕу ӕртӕ хайыл - иутӕ ныр цӕрынц Хуссар Ирыстоны, аннӕтӕ Гуырдзыстоны, ӕртыккӕгтӕ дыууӕ арӕны хсӕн зонӕйы. Бестауты Тристаны бынтӕ та ахаудтой Гуырдзыстонмӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Бестауты Тристан
Фараст азы рӕстӕгмӕ уавӕрты: куыд цӕрынц Зардиаты хъӕуы адӕм хӕрам бӕстӕты хсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2021
Бестауты Тристан

Бестауты Тристан ӕмӕ йӕ бинонты хъысмӕтыл Sputnik фыста дыууӕ азы размӕ, лӕджы царды уӕдӕй нырмӕ хорзӕрдӕм ницы фӕивта. Тристан ӕмӕ Людмила фӕстӕмӕ цӕрынц арӕнты астӕу, сӕ зӕнӕджы уынынц стӕм хатт, Ирыстонмӕ ӕрбахизыны фадат сын ис режиммӕ гӕсгӕ.

Ацӕргӕ нӕлгоймаг уазджытӕн ӕвдисы йӕ ирон паспорт ӕмӕ къухӕй амоны йӕ цӕрӕнуӕттӕм, кӕцытӕн сӕ адрес Хуссар Ирӕй фӕивта Гуырдзыстонмӕ.

Зардиаты хъæуы цæрæг Тристан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.10.2019
Тристан æмæ Людмила: иу бинонты цард хæрам бæстæты ʻхсæн

Тристан ныр дӕр йӕ проблемӕты тыххӕй уацхӕсджытимӕ дзуры ӕфсӕн хызӕджы аннӕ фарсӕй. Дыууӕ хӕрам бӕстӕйы арӕнты хсӕн цӕрджытӕ сӕ хӕдзӕртты нӕ уыдысты иу азӕй фылдӕр - коронавирусы пандемийы рӕстӕг арӕны сӕрты цъиу атӕхын дӕр нӕ уагътой.

"Иу аз ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц нӕ хӕдзӕртты нӕ уыдыстӕм, нӕ муртӕ ныппаплой сты. Хуымзӕххытӕ скӕрдӕг сты. Фӕкуыстам, тыллӕг ӕркодтам ӕмӕ ныр та ног фыдбылыз - нӕ тыллӕгӕн аласӕн нын нӕй", - дзуры дыууӕ арӕны хсӕн цӕрӕг Чысиаты Мзия.

Зындзинӕдтӕ азӕй-азмӕ кӕнынц карздӕр. Ныридӕгӕн ма ацы бинонты сӕйраг проблемӕ у сӕ тыллӕджы базары уӕй кӕныны хъуыддаг. Иу мӕй арӕны сӕртыл рахӕссӕн ис ӕрмӕст 50 килограммы.

"Кӕд горӕты дыргъ сӕдӕ сом у, уӕд ӕй мах та 50 сомыл уӕй кӕндзыстӕм. 50 килограммы махӕн цы у, мӕнӕргъы, фӕткъуы ӕмӕ цывзы ӕркӕнӕм тонгай мӕ сӕ стӕй цы фӕкӕнӕм? Бон мӕнӕргъы ӕртонын 25 ведрайы. Зӕгъынц, зӕгъгӕ сӕ мах ӕлхӕнӕм Гуырдзыстоны, фӕлӕ ӕрбацӕуӕт мӕ нын фенӕт нӕ дыргъдӕттӕ, ӕрмӕст цывзы ныссагътам цалдӕр гектары. 8 тонны ӕркӕнӕм сӕнӕфсир", - нымайы йӕ тыллӕг Мзия.

Хъӕуы цӕрджытӕ хицауадмӕ ныффыстой фыстӕг дӕр, цӕмӕй сын сисой сӕ тобӕ, фӕлӕ нырма дзуапп нӕ райстой.

© Sputnik / Natalia Airiyan Цывзы
Фараст азы рӕстӕгмӕ уавӕрты: куыд цӕрынц Зардиаты хъӕуы адӕм хӕрам бӕстӕты хсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2021
Цывзы

Тристан карантины рӕстӕджы цард Дзӕуджыхъӕуы йӕ фыртимӕ, фӕлӕ цӕгаттаг климат лӕг ӕмӕ йе 'мкъайыл ӕвзӕрӕрдӕм ӕндавы.

"Нӕдӕр дзы мӕхӕдӕг фӕразын, нӕдӕр ме 'мкъай. Ам уӕддӕр фылдӕр уарзын. Аннӕ проблемӕтыл хъӕцӕм, ӕрмӕст нын ацы тобӕ куы сисиккой, уӕд нӕ фыдӕбон ӕмӕ нӕ фӕллой ӕнӕхъуаджы нӕ кӕниккой", - дзуры Бестауты Тристан.

Нӕлгоймаджы цардыл гӕнӕн ис ӕмӕ ахуыр кӕной Ирыстоны истори - уый цалдӕр хатты бахъуыд алидзын ӕмӕ ныууадзын йӕ муртӕ ӕмӕ бынтӕ, стӕй та иу ӕбаздӕхт фӕстӕмӕ. Йӕ муртӕ фесӕфта, йӕхи цӕстӕй федта, сыхаг цӕрӕн хъӕу Гуырдзы фӕнык куыд фестын кодтой, фӕлӕ нӕлгоймаг ныр дӕр тырны ӕрмӕстдӕр сабырадмӕ.

"Бирӕ ӕвзӕрдзинӕдтӕ рцыд, фӕлӕ цы гӕнӕн ис. Мӕн фӕнды, цӕмӕй уа сабырад, ам дӕр ӕмӕ ӕппӕт дунейы дӕр", - дзуры уый.

Кусаг нӕлгоймаг куыд нысан кӕны, афтӕмӕй Гуырдзиаг арӕннысангӕнджытӕ дӕр алыхатт иу зӕрдӕйы уагыл нӕ вӕййынц ӕмӕ йӕ бахъӕуы йӕ тыллӕг быдыртыл рахизын кӕнын.

"Хуымтыл рацӕуын, мӕ тыллӕг раласын тачкӕйыл, цъыфдзастты ныххауын, фӕлӕ цы бакӕнон", - бафтыдта Тристан.

© Sputnik / Наталья АйриянИрыстонмӕ ӕрбахизыны фадат цӕрджытӕн ис режиммӕ гӕсгӕ
Фараст азы рӕстӕгмӕ уавӕрты: куыд цӕрынц Зардиаты хъӕуы адӕм хӕрам бӕстӕты хсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2021
Ирыстонмӕ ӕрбахизыны фадат цӕрджытӕн ис режиммӕ гӕсгӕ

Хуыздӕр уавӕрты нӕй йӕ сыхаг Мзия дӕр. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Зардиаты хъӕу, кӕцы скарста арӕны дих, цард 45 ирон ӕмӕ цалдӕр гуырдзиаг бинонтӕ. Цалынмӕ арӕнтӕ нӕ банысан кодтой, уӕдмӕ Гуырдзыстон газ уагътой хъӕутӕм.

"Уӕд газ сӕхи хъӕу Меретӕй мидӕгдӕр нӕ рауагътой - Зардиаты хъӕу нымадтой ирон территорийыл, фӕлӕ стӕй сӕ пост нӕ хъӕуы сӕвӕрдтой", - радзырдта сылгоймаг.

Арӕнӕхсӕн хибардзинадӕн ма ис иу ӕппӕрццӕг ӕндӕвдад - тыхст рӕстӕджы цӕрджытӕм нӕ хӕццӕ кӕны тагъд медицинон ӕххуыс.

"Иу карджын лӕг фӕтыхст, фӕлӕ нӕм тагъд ӕххуыс не 'рбацыд. Уыцы лӕг ныр сӕрӕгас дӕр нал у, фӕлӕ ахӕм уавӕрты цардӕй дӕр тыхсӕм", - бафтыдта уый.

© Sputnik / Natalia Airiyan Бестауты Тристан
Фараст азы рӕстӕгмӕ уавӕрты: куыд цӕрынц Зардиаты хъӕуы адӕм хӕрам бӕстӕты хсӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2021
Бестауты Тристан

Зардиаты хъӕуы цӕрджыты сыхаг Хелчуайы цӕрджытимӕ бӕтты ноджы иу проблемӕ - дыууӕ цӕрӕн пункты цӕрӕгад дӕр тыхсынц мобилон бастдзинады хъуагдзинадӕй.

"Мах бахъуыд балхӕнын Гуырдзыстоны sim-картӕтӕ, бынӕттон бастдзинад ӕрмӕст ранӕй рӕтты чысыл ӕрцахсы", - дзуры Хелчуайы цӕрӕг Уалыты Фатимӕ.

Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.04.2021
Хуссар Ир ӕмӕ Уӕрӕсейы демаркацион къамис сфидар кодта 2021 азы куысты нывӕзт

Уый ма бафтыдта, фӕстаг рӕстӕджы сӕ хъӕуы кӕй ис ӕвӕрццӕг ивындзинӕдтӕ дӕр - сӕвӕрдтой рухсы цӕджындзтӕ, ивынц кӕцыдӕр хӕдзӕртты агъуыстытӕ, фӕзынд донхӕры дон.

Хелчуайы хъӕуы ныр дӕр дзӕвгар адӕм цӕры, фӕлӕ ам дӕр советон дугмӕ абаргӕйӕ бирӕ хӕдзӕртты дуӕрттӕ сӕхгӕдтой гуыдырыл. Цӕрджыты ма ам уромынц тыллӕгджын дыргъдӕттӕ ӕмӕ столицӕмӕ ӕввахс ӕвӕрд.

Ног хабӕртты лентӕ
0