Ирон "Love is" æмæ сапон дидинджытæ: Кокайты Зæринæйы "рæсугъд куыст"

© Sputnik / Natalia Airiyan Кокайты Зæринæ
Кокайты Зæринæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.09.2021
Рафыссын
Кокайты Зæринæйы фæрцы "Love is"-ы хъайтартæ уарзондзинад æмбарын кæнынц иронау, уарзæттæ та чызджы куыстытæй сбуц кæнынц сæ кæрæдзи
ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвайлаг æвзонг чызг Кокайты Зæринæ ныр дыккаг аз ахуыр кæны Хуссар Корейаг дæсныйад - сапонæй рæсугъддзинад фæлдисыны сусæгдзинæдтæ. Цыбыр æмгъуыдмæ йæ куыстытæ апарахат сты Цхинвалы - йæ æрмдæсныйады кæнæнтæй сæхи сбуц кæнынц уарзæттæ, лæвар сæ кæнынц райгуырæн бонтæм æмæ æндæр бæрæгбонтæм.
Дидинты губактæ, хонæн гӕххӕттытӕ, лӕвæртты къоппытӕ, адджинӕгты тыхтонтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр рӕсугъддзинад цӕуы Кокойты Зӕринӕйы къухтӕй.
© Photo : InsagramКокайты Зæринæйы сапæттæ
Мыльные розы Зарины Кокаевой - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Кокайты Зæринæйы сапæттæ
Чызг йӕхӕдӕг куыд дзуры, афтӕмӕй йӕ куысты сӕйраг нысан пайда райсын нӕу - уый хъуамӕ хӕсса ӕхцондзинад йӕхицӕн ӕмӕ адӕмӕн. Зӕринӕ рагæй фæстæмæ дæр уарзта фӕлдисын рӕсугъддзинад - хъазӕнтӕ, вазӕтӕ, гӕххӕттытӕй конд ӕрмӕгӕй иу ссардта адӕмы зӕрдӕ.
"Гыццылӕй фӕстӕмӕ уарзтон къухӕй исты аразын. Уӕлдайдӕр та куысты фӕстиуджытӕ уындджын куы вӕййынц, стӕй ма дзы искӕй зӕрдӕ куы барухс кӕнын", - загъта уый.
Зæринæ кусы журналистӕй ирон газет "Хурзӕрины"-ы. Йӕ цардӕмбалимӕ хъомыл кӕны дыуууӕ саби - Сергей ӕмӕ Адайы. Йӕ армдӕсныйад райрӕзтӕн ын феххуыс ис декреты сӕрибар рӕстӕг. Интернеты руаджы уый сахуыр кодта Хуссар Корейаг рауагъдад - сапонæй дидинджытӕ аразын.
"Мӕхи зӕрдӕмӕ дӕр тынг фӕцыдысты ӕмӕ сӕ райдыдтон аразын. Фыццаг дзы балӕвар кодтон ме 'мбӕлттӕн. Стӕй мӕм адӕм райдыдтой хатын - куысты гуырахст фӕфылдӕр. Губактæ æртымбыл кӕнын цалдӕр хуызтӕ æмæ тӕфтимӕ. Адӕмы зӕрдӕмӕ цӕуынц", - дзуры Кокайты Зӕринӕ.
© Photo : InstagramКокайты Зæринæйы сапæттæ
Мыльные розы Зарины Кокаевой - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Кокайты Зæринæйы сапæттæ
Йӕ сапæттæ уый уӕй кӕны зынгӕ асламдӕр, йӕхӕдӕг куыд дзуры афтӕмӕй йӕ фӕнды хорз ӕнкъарӕнтӕ тауын ӕмӕ рӕсугъддзинад хӕссын.
"Сӕ ӕрмӕджы ӕхца сӕ исын ӕрмӕст. Уый мӕнӕн бизнес нӕу, нӕдӕр куыст, пайда мын нӕ хӕссы, ӕрмӕст ӕхцондзинад", - ӕмбарын кӕны чызг.
Рӕсугъддзинад фӕлдисынмӕ ӕвзыгъд чызг ӕрмӕст сапон дидинтыл не 'рлӕууыд. Йӕхимӕ райста хӕс уарзӕтты ахастытӕ хъӕрмуд кӕнын - алыхуызон лӕвӕрттӕ мысгӕйӕ.
"Балхæдтон ифтонгад – мыхуыры станок. Уый фæрцы ныммыхуыр кæнын хуызисттæ æмæ рæсугъд арфæтимæ тыхтонтæ, аразын хонæн гæххæттытæ чындзæхсæвтæм. Уый бæрц адæм мæм æрбахаты æмæ сыл нал æххæссын", - бафтыдта чызг.
© Sputnik / Natalia Airiyan Кокайты Зæринæ
Зарина Кокаева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Кокайты Зæринæ
Кокайты Зæринæй фæрцы "Love is"-ы хъайтартæ уарзондзинад æмбарын кæнынц иронау.
© Фото из архива Зарины КокаевойКокайты Зæринæйы куыстытæ
Работы Зарины Кокаевой - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Кокайты Зæринæйы куыстытæ
"Сахуыр кодтон сæрмагонд программæ, цæмæй ивон нывтæ, уæлфысттæ. Уарзæттæ мæм арæх заказ кæнынц ахæм куыст", - дзуры уый.
Зæринæйы сфæлдыстадæй цух не сты йæ хæлæрттæ æмæ коллегæтæ дæр. Куысты иумæйаг кабинæты дæр ирдæй зыны йæ æрмдзæф.
Ног хабӕртты лентӕ
0