Экологты фӕдис: куыд кусынц тобӕмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ дурлыстӕггӕнӕнтӕ Леуахийы былтыл

© Sputnik / Natalia AiriyanДурлыстӕггӕнӕн амалиуӕгад
Дурлыстӕггӕнӕн амалиуӕгад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.09.2021
Рафыссын
Фӕстаг рӕстӕджыты Леуахийы чъизидзинад ӕмӕ йӕ донцӕуӕны дурлыстӕггӕнӕнты ӕнӕзаконон архайд ссис ӕрмӕст экологион организаци "Зеленая Алания"-йы сӕрниз
ЦХИНВАЛ, 10 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны экологион организаци "Зеленая Алания" ныр цалдӕр азы фӕдис кӕны республикикӕйы сӕйраг доны артери Леуахийы ӕфхӕрды тыххӕй. Фыстӕджытӕ, ӕхсӕнадон раныхастӕ, ДИФ мыхуыртӕ фӕстиуджытӕм не 'ркодтой ӕмӕ ныр организаци бахъаст кодта прокуратурӕмӕ дӕр.
Ӕхсӕнадон организацийӕн уый йӕ фыццаг гӕххӕтт нӕу бӕрнон уагдӕттӕм. Уымӕй размӕ фӕдисы хъӕр кодтой, Леуахимӕ ӕхсӕнты дон кӕй уадзынц, бырон кӕй калынц, уый фӕдыл. Уӕд фыстӕджытӕ бацыдысты ӕрдзон ресурсты, фӕлхасгӕнджыты барты, экологион цӕстдарды уагдӕттӕм, парламенты цалдӕр комитет ӕмӕ суанг президентмӕ дӕр. Фӕлӕ фарст нырма дӕр ис уыцы ӕмвӕзадыл.
© Sputnik / Natalia AiriyanДурлыстӕггӕнӕн амалиуӕгад
Дробилка - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Дурлыстӕггӕнӕн амалиуӕгад
Июны райдайӕны та "Зеленая Алания"-йы хъусдарды бын радон хатт бахаудысты дурлыстӕггӕнӕн амалиуӕгадтӕ республикӕйы цӕугӕдӕтты цур. Фыстӕг ацыд Генералон прокуроры номыл. Уырдыгӕй дӕр нырма дзуапп нӕй.
Геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзон ресурстӕй пайда кӕныны комитеты радзырдтой, ныридӕгӕн республикӕйы ӕрмӕстдӕр дыууӕ дурлыстӕггӕнӕн амалиуӕгадӕн кӕй ис лицензитӕ - уыдон сты "Дорэкспострой" ӕмӕ "Погранстрой"-йы рауагъдадтӕ.
"Дорэкспострой" кусы Дзау-Ручъы 6-8-ӕм километры хайыл, "Погранстрой"-ӕн та ис Чысыл Гуфтайы районы. Аннӕтӕн бар нӕй кусынӕн. Рейдты рӕстӕджы сӕ куы сбӕлвырд кӕнӕм, уӕд сӕ ивар кӕнӕм", - загъта Sputnik комитеты хистӕры хӕдивӕг Харебаты Алан.
Уый ма бафтыдта, 2018 азы дурлыстӕггӕнӕн уагдӕттӕн сӕ лицензитӕ ист ӕрцыдысты, ӕмбӕлон домӕнтӕ кӕй не 'ххӕст кодтой, уый аххосӕй.
"Лицензийы домӕнтӕм хауынц банысангонд фадыгӕй дарддӕр ма хизын, бӕрӕг гуырахстӕй фылдӕр ма исын, фиддонтӕ фидын ӕмӕ экологийы домӕнтӕ ма халын", - загъта уый.
© Sputnik / Natalia AiriyanДурлыстӕггӕнӕн амалиуӕгад
Дробилка - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Дурлыстӕггӕнӕн амалиуӕгад
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕ лицензийӕ куыст у паддзахадӕй давд.
"Уый хауы давыны статьямӕ. Нӕ хъуыддаг у акттӕ аразын ӕмӕ сӕ ӕрвитӕм бӕрнон уагдӕттӕм. Ӕрӕджы рейдты рӕстӕджы дӕр  ӕрдзон ресурстӕй цалдӕр пайдагӕнӕджы иваргонд ӕрцыдысты", - бафтыдта комитеты кусӕг.
Ӕхсӕнадон организаци "Зеленая Алания" -йы хистӕр Габайты Зӕлинӕ радзырдта Sputnik тобӕмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, дурлыстӕггӕнӕнтӕ сӕ куыст кӕй кӕнынц рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ.
© Sputnik / Natalia AiriyanДробилка
Дробилка - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Дробилка
Прокуратурӕйы та ныфс радтой, кӕй басгардзысты уавӕр.
"Мах ныр бацӕттӕ кодтам дыккаг официалон фыстӕг прокуратурӕмӕ. Нӕхӕдӕг мониторинг кӕнӕм уавӕр. Иу бон сыл азылдыстӕм ӕмӕ дзы кусгӕйӕ баййӕфтам цалдӕр - Пацъайыл, Леуахийыл - Мзиугоммӕ хӕстӕг, Дзаумӕ хӕстӕг, фӕстӕдӕр та кусгӕйӕ баййӕфтам горӕты хайы дурлыстӕггӕнӕнтӕй иу", - загъта Габайты Зӕлинӕ.
Уыймӕй размӕ, экологион организацийы разамонӕг йӕ интервьюйы радзырдта, афтӕ ӕгъатыр ахастимӕ республикӕ гӕнӕн ис ӕмӕ рацух уа йӕ сӕйраг доны артерийӕ - Леуахи гӕнӕн ис ӕмӕ ахъуыза зӕххы бын.
Ног хабӕртты лентӕ
0