Гасситы Мурӕт ӕрдзырдта Усикимӕ Мӕскуыйы тохы хорз ӕмӕ ӕвзӕр фарсытыл

© Sputnik / Наталья АйриянБой М. Гассиева и Ю. Дортикоса
Бой М. Гассиева и Ю. Дортикоса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Мурӕт радзырдта Усикимӕ тохы ӕмӕ "политикон конфронтациты" тыххӕй, кӕцытӕм фӕнд кӕнынц балвасын спортсменты

ЦХИНВАЛ, 21 июн — Sputnik. Боксӕй дунейы чемпион Гасситы Мурӕт загъта йӕ хъуыды Александр Усикимӕ тох Мӕскуыйы ауадзыны фӕдыл боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы (WBSS) финалы организаторты уынаффӕйы тыххӕй.

Хыл Гасситы-Усик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы vs Усик: рабӕрӕг сты тохы бынат ӕмӕ бон

"Мӕскуыйы кӕй ацӕудзӕн тох, уымӕн ис йӕхи ӕппӕрццаг ӕмӕ ӕвӕрццаг фарсытӕ. Ӕппӕрццаг у уый, ӕмӕ кӕй райдыдтой дзурын, раст кӕй нӕу уадзын тох финалы хайадисджытӕй иуы бӕстӕйы, ӕгӕрыстӕмӕй ма дзурынц, ома Усикы хъавынц фӕхъӕстӕ кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдон сты сӕрхъӕн ныхӕстӕ", — ныффыста спортсмен Instagram-ы йӕ официалон фарсыл.

Ирон боксер бахахх кодта, уый ӕмӕ йӕ ныхмӕлӕууӕг фыццаджыдӕр кӕй сты профессионалон боксертӕ, ӕмӕ тох Киевы, кӕнӕ ӕндӕр бынаты дӕр куы уыдаит, уӕддӕр сӕхи цӕттӕ кодтаиккой афтӕ.

"Мах стӕм спортсментӕ, мах политиктӕ не стӕм ӕмӕ нӕ нӕ хъӕуы алыгъуызон конфронтацитӕм ӕлвасын. Мах сбӕрӕг кӕндзыстӕм, чи нӕ у хуыздӕр боксер ӕмӕ стӕй кӕрӕдзи къухтӕ райсдзыстӕм", — бафтыдта уый.

Ӕвӕрццагыл та Гасситы Мурӕт банымадта уый, ӕмӕ йӕ хиуӕттӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕн кӕй уыдзӕн фадат тохмӕ ныццӕуын.

Александр Усик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Усик бафидар кодта йӕ фӕнд Гасситы Мурӕтимӕ тох ауадзыны фӕдыл

"Уыдон, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕдӕмфӕндыдӕр ацӕудзысты мӕ фӕстӕ, фӕлӕ сын, зӕгъӕм, Саудон Аравимӕ фӕзын уыдаит ацӕуын", — ныффыста Мурӕт.

Афтӕ ма Гасситы Мурӕт банысан кодта Усикы фанаттӕн дӕр ӕнцондӕр кӕй уыдзӕн Уӕрӕсемӕ ӕрцӕуын ӕмӕ уыдон йӕ фанаттӕй цъусдӕр нӕ уыдзысты.

"Александры Уӕрӕсейы тынг хорз зонынц, уарзынц ӕмӕ йӕ нымайынц сӕхи адӕймагыл, куыд Василий Ломаченко ӕмӕ Геннадий Головкины. Ӕмӕ уый тыххӕй ныхӕстӕ, ома, йе знаджы территорийыл тох кӕндзӕн, не сты ӕмбӕлон", — загъта боксер.

WBSS-ы финалон хыл Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хсӕн хъуамӕ ацыдаид Саудон Аравийы 11 майы, фӕлӕ йӕ ахастой, украинӕйаг боксер травмӕ кӕй райста, уый тыххӕй. Зын баныхас тохы бынат ӕмӕ рӕстӕджы тыххӕй цыдис ӕхсӕз мӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0