Цхинвайлаг спортсментæ стох кæндзысты Боксы фестивалы Липецкы

© Sputnik / Из архива тренера Р.КумаритоваЦхинвайлаг боксертæ Липецкы
Цхинвайлаг боксертæ Липецкы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Горæт Елецы егъау спортивон мадзалы призтыл тох кæндзысты Кокойы Лев, Санахъоты Андрей, Хуыбылты Азæмæт æмæ Гæджиты Гурам

ЦХИНВАЛ, 17 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы сывæллæтты æмæ æрыгæтты боксы скъолайы хъомылгæнинæгтæ стох кæндзысты Липецкы областы горæт Елецы уагъд цæуæг Боксы фестивалы призтыл.

Боксертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццæгтæ Дзæуджыхъæуы: Цхинвайлаг боксертæ рамбылдтой дæс "сыгъзæрины"

Сæ тренер Куымæридтаты Родион куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй дард фæндагыл абалц кодтой æрмæстдæр сыгъзæрин майданты тыххæй.

"Ахæм дард фæндагыл абалц кодтам æрмæстдæр уæлахизты тыххæй. Цыппар лæппуйы раразмæ кодтам ерыстæм – Кокойы Лев, Санахъоты Андрей, Хуыбылты Азæмæт æмæ Гæджиты Гурамы. Се ʻппæт дæр расгуыхытысты хицæн æмвæзады ерысты. Мæнмæ гæсгæ, сæм æрхаудзæн фæйнæ æртæ тохы", — загъта Куымæридтаты Родион.

Уый ма радзырдта, Боксы фестивалы кæй æнхъæлмæ кæсынц 200 боксермæ, тохты архайдзысты 2000-2010 æзты гуырд боксертæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0