Хуссар Иры фыццаг хатт ацыд чемпионат ленк кӕнынӕй

© Sputnik / Софа ИсаакянХуссар Иры чемпионат ленк кӕнынӕй
Хуссар Иры чемпионат ленк кӕнынӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны фыццаг чемпионат ленк кӕнынӕй рабӕрӕг кодта тыхджындӕр ленкгӕнджыты 18 дистанцийы

ЦХИНВАЛ, 17 дек — Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Фондз адӕймаджы сӕххӕст кодтой дыккаг спортивон рӕнхъ Хуссар Ирыстоны чемпионаты ленк кӕнынӕй, кӕцы ацыд Цхинвалы, фехъусын кодта Sputnik РХИ ленк кӕныны федерацийы президент Евгения Терлеева.

Чемпионат по плаванию Южная Осетия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ленк кӕныны федерацийы сӕргълӕууӕг радзырдта Цхинвалы турниры тыххӕй

Хуссар Ирыстоны фыццаг чемпионаты ленк кӕнынӕй сӕхи хорз равдыстой ӕвзонг спортсментӕ. 18 дистанцийы ерысты хайад истой алкӕцы кары ленкгӕнджытӕ дӕр, иууыл ӕвзонгдӕр хайадисӕгыл цыд ӕхсӕз азы.

"Фондз ленкгӕнӕджы сӕххӕст кодтой дыккаг спортивон рӕнхъы домӕнтӕ, 60 фӕстиуӕджы та уыдысты аккаг ӕртыккаг спортивон рӕнхъӕн", — загъта Терлеева.

Федерацийы президент банысан кодта, чемпионаты рӕстӕджы кӕй сбӕрӕг кодтой курдиатджын спортсменты, кӕцытӕ равдыстой уӕлахизмӕ тырнындзинад.

"Дистанцитӕ уыдысты зын: 1,5 километрыл дӕр сывӕллӕттӕ кӕронмӕ тох кодтой. Рӕдыдтытӕ уыдис, фӕлӕ куыд федерацийы президент, афтӕ мӕ бон у зӕгъын, райгонд кӕй баззадтӕн фӕстиуджытӕй", — бафтыдта Евгения Терлеева.

Иумӕйагӕй чемпионаты тох кодтой 108 майданыл. Уӕлахиздзаутӕ райстой спортивон экипировкӕтӕ.

Федерацийы президент банысан кодта, чемпионат кӕй ацыд ОАО "Остелеком"-ы ӕххуысы руаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0