Ирон богал ссис Уæрæсейы чемпионаты призер

Рафыссын
Ерыстæ ацыдысты 18-21 январы æмæ æрбамбырд кодтой 350 спортсмены бæстæйы алы къуымтæй

ЦХИНВАЛ, 22 янв — Sputnik. Цæгатирыстойнаг спортсмен Остъаты Алан рамбылдта бронзæйон майдан Уæрæсейы чемпионаты ромаг-бæрдзенаг хъæбысхæстæй Калининграды, хъусын кæны Минспорты пресс-службæ.

"87 килограммы уæзы категорийы Остъаты Алан рамбылдта бронзæйон майдан Сайд-Магомед Абубакаровы 11:0 хыгъдæй рамбулгæйæ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Ерыстæ ацыдысты 18-21 январы æмæ æрæмбырд кодтой 350 спортсмены бæстæйы алы къуымтæй. Ирон богал тох кодта Краснодары крайы æмбырдгонды сконды.

Ног хабӕртты лентӕ
0