Тугъанты Владимир ссис конкурæй æхсæнадæмон ерысты призер

© 15-й РегионТугъанты Владимир
Тугъанты Владимир  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгатирыстойнаг барæг рацыд æппæт дистанци дæр æнæ рæдыдтытæй æмæ финалон хайы равдыста 33,63 секунды

ЦХИНВАЛ, 17 июн — Sputnik. Ирон барæг Тугъанты Владимир ссис æвзист призер æхсæнадæмон ерысты конкурæй, кæцытæ цыдысты Германийы. Уый тыххæй хъусын кæны 15 регион. 

Тугъанты Владимир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тугъанты Владимир ссис 2017 азы иууыл хуыздæр спортсмен

Порталы информацимæ гæсгæ, зынгæ ирон конкурист архайдта маршрут CSI2-ы дыууæ фазæйы, цæлхдурты бæрзæнд уыд 140 см онг.

Йæ голландиаг бæх Айндховен Джи Эйчыл уый рацыд æппæт дистанци дæр æнæ рæдыдтытæй æмæ финалон хайы равдыста 33,63 секунды.

Тугъанты Владимир 2017 азы ссис "Хуыздæр спортсмен-2017" категори "конкур"-ы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0