Дудайты Донна ссис Уæрæсейы кекусин-кан каратэйы спорты мастеры кандидат

© Фото из архива Донны ДудаевойДудайты Донна
Дудайты Донна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныртæккæ Доннæйы уæлахизты къæбицы ис 22 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 1 бронзæ майданы

ЦХИНВАЛ, 17 июл – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссарирыстойнаг спортсменкæ Дудайты Донна райста Уæрæсейы Федерацийы кекусин-кан каратэйы спорты мастеры кандидаты ном. Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта каратисткæйы тренер Созайты Владимир.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, чызг йæ кæройнаг тохы равдыста бæрзонд æмвæзадыл цæттæдзинад.

"Уый, фæдыл Доннæйæн официалонæй лæвæрд æрцыд спорты мастеры кандидаты ном", - загъта Созайты Владимир.

Тренер бахахх кодта, стыр райгондæй кæй баззад йæ хъомылгæнинаджы æнтыстытæй - уый йæ фыццаг тренировкæтæй равдыста йе "взыгъддзинад, физикон тых, тасындзинад æмæ хорз хъуыдыкæнынад".

Дудайты Донна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тæргайаг бронзæ: Дудайты Донна ссис æфсæддон æмтохæдты хъæзтыты призер

"Доннæйы уæлахиз у сыгъдæг уæлахиз. Йæ удуæлдай тренировкæтæн уыд хорз фæстиуæг. Кæд æдæппæтæй фондз азы йеддæмæ нæ архайы кеокусин-кан каратэйæ, уæддæр йе "нтыстытæ сты ахадгæ. Йе 'рбацыдæй æрдæг аз цæттæ кæныны фæстæ Доннæ бацахста фыццаг бынат æвзæнгты æхсæн хæстон аивæдты хъæзтыты", - бафтыдта уый.

Дудайты Донна 2016 азы рамбылдта ЦКФЗ фыццаг бынат æмæ сыгъзæрин майдан, "Кубок восходящей надежды" - фыццаг бынат æмæ сыгъзæрин майдан, Æппæтуæрæсейон фестиваль "Мирный кавказ"-ы фыццаг бынат æмæ сыгъзæрин майдан. 2017 азы та ЦКФЗ фыццаг бынаты ерысты - сыгъзæрин майдан. 2017 азы ма хайад райста Самарæйы уагъдцæуæг Уæрæсейы фыццаг бынаты ерысты æмæ уым дæр ссис сыгъзæрин майданы хицау. 2018 азы Краснодары уагъдцæуæг Æппæтуæрæсейон ерыстæ "Кубок Кубанийы" фыццаг бынат æмæ сыгъзæрин майдан æмæ бирæ æндæртæ. Ныртæккæ Доннæйы уæлахизты къæбицы ис 22 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ 1 бронзæ майданы.

Ног хабӕртты лентӕ
0