Иры богалтæ рамбылдтой æхсæнадæмон турниры 11 хорзæхы

© пресс-служба Минспорта РСО-АланияИры богалтæ рамбылдтой æхсæнадæмон турниры 11 хорзæхы
Иры богалтæ рамбылдтой æхсæнадæмон турниры 11 хорзæхы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстоны командæйы хыгъды ис фондз сыгъзæрин, фондз æвзист æмæ иу бронзæ майдантæ

ЦХИНВАЛ, 25 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстойнаг хъæбысæйхæцджытæ рамбылдтой Сомихы æхсæнадæмон турниры 11 хорзæхы, хъусын кæны 15 регион.

Ирыстоны командæйы хыгъды ис фондз сыгъзæрин, фондз æвзист æмæ иу бронзæ майдантæ.

Хъæбысхæсты секци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг богал стох кæндзæн дунейы фыццагады

Ӕмбырдон командæ ерысты рамбылдта 11 хорзæхы. Сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Тускъаты Азæмæт, Мæхъиты Зауыр, Нартыхты Радик, Коциты Знауыр, Голоты Виталий. Æвзист призертæ систы Бæдтиаты Артур, Цæболты Хетик, Тæпситы Тамерлан, Чертхъоты Гурам, Хынцæгты Сослан. Бронзæ майдан саккаг кодтой Хуыбаты Арсенийæн

Сомихы ахицæн æхсæнадæмон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй ССРЦ спорты Сгуыхт мастер Степан Саркисяны призтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0