УФ боксы федерацийы хистӕр ныммыхуыр кодта Гасситы Мурӕтимӕ тренировкӕйы видео

© instagram/umar_kremlevГасситы Мурӕт
Гасситы Мурӕт  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕскуыйы уагъд ӕрцыд ирон боксер ӕмӕ йӕ фыццаг тренер Сланты Виталийы тренировкӕ

ЦХИНВАЛ, 5 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы Боксы федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев йӕ фарсыл социалон хызӕг Facebook-ы ныммыхуыр кодта дунейы экс-чемпион Гасситы Мурӕты тренирвкӕйы видео

"Ауагътам хорз тренировкӕ боксӕй, цы ран иннӕ зынгдгонд гоймӕгты хсӕн хайад райстой ирон боксер ӕмӕ йӕ фыццаг тренер Сланты Виталий. Мадзал уагъд цыд Боксы Прогрессы центры", - дзырдӕуы видеойы бын фысты.

Амӕйразмӕ фехъусын кодтой, Гасситы Мурӕт ӕмӕ америкӕйаг Джоуи Дайвекойы тох иргъӕвд кӕй ӕрцыд ирон боксеры травмӕйы тыххӕй. Фӕстӕдӕр загътой, тох кӕй ауадздзысты октябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0