Дыккаг фембæлд: Хуссар Ир æмæ Луганскы футболисттæ ахъаздзысты Цхинвалы

© ЛуганскИнформЦентрДыккаг фембæлд: Хуссар Ир æмæ Луганскы æмбырдгæндтæ футболæй ахъаздзысты Цхинвалы
Дыккаг фембæлд: Хуссар Ир æмæ Луганскы æмбырдгæндтæ футболæй ахъаздзысты Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фыццаг фембæлд ахицæн ис 4:3 хыгъдæй луганскæгты пайдайæн

ЦХИНВАЛ, 29 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры æмбырдгонд футболæй фæлхаттон матчы фембæлдзæн Луганскы адæмон республикæйы æмырдгондимæ. Фыццаг фембæлд ирыстойнаг командæйæн уазæгуаты ахицæн ис луганскæгты пайдайæн, фехъусын кодта Sputnik æмбырдгонды сæйраг тренер Коцты Сослан.

Черчесты Станислав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Черчесты Станиславы хонынц УФ футболы æмбырдгонды сæргълæууæгæй

Дыууæ æмбырдгонды ʻхсæн дыккаг фембæлд ацæудзæн Цхинвалы Цхуырбаты Гурамы номыл стадионы Республикæйы боны - 20 сентябры.

"Луганскы адæмон республикæйы æмбырдгондимæ фыццаг таймы фæстæ æмбылдтам 3:2 хыгъдæй. Пуртитæ бакодтой Бæззаты Марик дыууæ хатты æмæ Джиджджойты Сослан. Дыккаг таймы тæрхонгæнæджы фæрцы сæ командæ размæ рацыд. Дыууæ пурти бакодтой офсайдæй æмæ иу та пенальтийæ, кæцы нысангонд нæ уыд, уый хыгъд фембæл ахицæн ис 4:3 хыгъдæй фысымты пайдайæн", - загъта тренер.

Коцты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, уыдон фæхуыдтой хæларадон матчмæ Цхинвалмæ Луганскы командæйы 20 сентябры.

Дыууæ командæйыʻ хсæн фыццаг фембæлд ацыд 24 августы Луганскы.

© ЛуганскИнформЦентрХуссар Ир æмæ Луганскы æмбырдгæндты хсæн хъазт
Дыккаг фембæлд: Хуссар Ир æмæ Луганскы футболисттæ ахъаздзысты Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир æмæ Луганскы æмбырдгæндты хсæн хъазт
Ног хабӕртты лентӕ
0