Тотраты Рустам слæууыд Уæрæсейы иугонд командæйы сæргъ бердзенаг-римаг хъæбысхæстæй

Рафыссын
Ацы бынаты уый раивта æндæр номдзыд ирон спортсмен Хуыгаты Аланы.

ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik. Зындгонд ирон спортсмен Тотраты Рустам нысангонд æрцыд Уæрæсейы иугонд командæйы тренерæй бердзенаг-римаг хъæбысхæстæй, хъусын кæны ПТРК "Алания".

"Тотраты Рустам нысангонд æрцыд Уæрæсейы иугонд командæйы тренерæй грекъаг-римаг хъæбысхæстæй. Раздæр уыцы хæстæ æххæст кодта Хуыгаты Алан. Уый ныртæккæ сси Цæгат Ирыстоны спорты министр. Ацы ивынддзинæдты тыххæй фехъусын кодта Михаил Мамиашвили", - дзырдæуы хъусинаджы.

Тотраты Рустам у Лондоны Олимпаг хъæзтыты финалист. Уымæй дарддæр 2011-æм азы рамбылдта бронзæ майдан, олимпаг хъæзтыты размæ дунейон чемпионаты. Йæ спортивон карьерæ фæци 2016-æм азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0