"Сызгъæрин мæ хъæуы": Гасситы Сослан цæттæ кæны армхæстæй дунейы чемпионатмæ

© Sputnik / Гасситы Сосланы архивæй къамДунейы æмæ европæйаг ерысты уæлахиздзау армспортæй Гасситы Сослан
Дунейы æмæ европæйаг ерысты уæлахиздзау армспортæй Гасситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дунейон ерысты ирон æрмхæцæг йæ сæйраг ныхмæлæууæгыл нымайы æндæр ирон армрестлер Дзеранты Георгийы

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ир иууыл æнтыстджындæр архайгæ æрмхæцæг Гасситы Сослан йæхи цæттæ кæны дунейы чемпионатмæ. Йæ сæйраг ныхмæлæууæгыл уый нымайы æндæр ирон æрмхæцæджы, кæцы хъахъхъæны Казахстаны спортивон кад, фехъусын Sputnik спортсмен.

Ерысты уæлахиздзау Гасситы Сосланы ралæуд æрдæгфиналы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Куыд рамбылдта Гасситы Сослан уæйыгы – видео

Гасситы Сослан 2018 азы фæсивæдон категорийæ рахызт хистæр кармæ, ныр уый у дуне æмæ Европæйы чемпионатты æдзух архайæг, фæлæ ацы ерысты нырма сыгъзæрин майдан нæ райста. Æрыгæтты хсæн у дунейы æхсæз хатты чемпион.

"Хъæуы мæ дунейы чемпионаты "сыгъзæрин". Мæхи цæттæ кæнын ерыстæм. Уым хуымæтæг ныхмæлæуджытæ нæ вæййы, фæлæ уæддæр уæлæмхас мæхи цæттæ кæнын дунейы архайæг уæлахиздзау, ирон æрмхæцæг Дзеранты Георгиимæ фембæлдмæ. Уый хъахъхъæны Казахстаны спортивон кад", - загъта Гасситы Сослан.

Гасситы Сослан у Хуссар Ирыстоны иууыл æнтыстджындæр æрмхæцæг, хистæр кары категоримæ ахызты агъоммæ æхсæз азы дæргъы уыд æппынæдзух лидер æрыгæтты хсæн, хорз бæрæггæнæнтæ æвдисы профессионалты рæнхъыты дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0