Дыууæ хуссарирыстойнаг боксеры стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады

© Из архива Г.Гагиева.Дыууæ хуссарирыстойнаг боксеры стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады
Дыууæ хуссарирыстойнаг боксеры стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гæджиты Гурам æмæ Ӕлборты Сослан ерысты агъоммæ цæуынц цæттæгæнæн ахуыртæ Уæрæсейы æмбырдгонды сконды Анапайы

ЦХИНВАЛ, 15 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Дыууæ хуссарирыстойнаг спортсмены хайад райсдзысты Уæрæсейы фыццагады боксæй. Гæджиты Гурам æмæ Ӕлборты Сослан ерысты агъоммæ цæуынц цæттæгæнæн ахуыртæ Уæрæсейы æмбырдгонды сконды Анапайы, фехъусын кодта Sputnik спортсментæй иуы тренер Дзигойты Ацæмæз.

Уæрæсейы фыццагад цæудзæн 23-30 ноябры.

Гæджиты Гурам рамбылдта Уæрæсейы фыццагады æвзист боксæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæджиты Гурам рамбылдта Уæрæсейы фыццагады æвзист майдан боксæй

Гæджиты Гурамы тренер Дзигойты Ацæмæзы ныхæстæм гæсгæ, йæ хъомылгæнинаг ацы ерыстæм бацæудзæн ног статусы.

"Гæджиты Гурам у 2018 азы Уæрæсейы фыццагады финалист, 2019 азы "Юность России"-йы æмæ Цæгат Ирыстоны фыццагады уæлахиздзау. Гурам у хорз цæттæ, фæахъаз ын уыдзысты Анапайы сбортæ дæр. Лæппу ныр тох кæндзæн стырдæр уæз – 60 килограммы æмæ хистæрдæр фæсивæды хсæн", - загъта Дзигойты Ацæмæз.

Гæджиты Гурамимæ иу уæз æмæ кары категорийы стох кæндзæн нæ аннæ спортсмен Санахъоты Аслан æмæ Хаситы Владиславы ахуырдзау Ӕлборты Сослан.

"Уый дæр цæуы сбортæ Уæрæсейы æмбырдгондимæ иумæ, фæлæ бæстæйы фыццагады йæ хайадист нырма у дыууæйыл. Ӕнæ уый та, гæнæн ис, нæ лæппутæ халæппæрстмæ гæсгæ, ерысты фæлгæтты фембæлой", - бафтыдта тренер.

Гæджиты Гурам æмæ Ӕлборты Сослан сты Хуссар Ирыстоны æнтыстджындæр боксертæ.

© Sputnik / Архив тренера Владислава ХаситыГæджиты Гурам æмæ Ӕлборты Сослан тренер Хаситы Владиславимæ
Дыууæ хуссарирыстойнаг боксеры стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гæджиты Гурам æмæ Ӕлборты Сослан тренер Хаситы Владиславимæ
Ног хабӕртты лентӕ
0