Хъуамæ бафæразай: дунейы чемпион Зассеты Арсæмæг йе 'нтысты тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянЗассеты Арсæмæг
Зассеты Арсæмæг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зассеты Арсæмæг радзырдта Sputnik йæ "спортивон" бинонты, æнтыстытæм бырсгæйæ фæразын æмæ быхсын куыд хъæуы æмæ кæд рамбулдзæн олимпиаг майдан, уыдæтты тыххæй

ЦХИНВАЛ, 10 дек - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг богал Зассеты Арсæмæг æрæджы ссис Андиаты Сосланы номыл турниры уæлахидзау. 17-аздзыд лæппу турниры историмæ бацыд куыд ерысты иууыл æрыгонддæр уæлахиздзау.

Уæрæсейы æмæ дунейы фыццагады уæлахиздзау, æхсæнадæмон ерысты чемпион спортмæ æрбацыд 10 азы размæ йе ʻфсымæр, зындгонд богал, дунейон ерысты æвзист призер, олимпиаг хъæзтыты архайæг Зассеты Алены фæстæ.

© Sputnik / Наталья АйриянЗассеты Арсæмæг
Хъуамæ бафæразай: дунейы чемпион Зассеты Арсæмæг йе 'нтысты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зассеты Арсæмæг

"Цæттæ мæ кæны мæ тренер Коцты Тамерлан, æххуыс мын кæны ме ʻфсымæр, уый йæхæдæг ныууагъта йæ карьерæ, ныр æй æз баивдзæн спорты", - радзырдта Арсæмæг.

Дунейы чемпион юношаты ʻхсæн сæрæзта цыппар азмæ йæхицæн нывæзт, цы ран бынат ис æрмæст æппынæдзух цæттæ кæнынæн æмæ йæ фыдæбоны хорзæх - олимпиаг майданæн.

"Аннæ богалты уæлдай мæн дæр ницы хъæуы, æрмæст олимпиаг сызгъæрин", - худы Арсæмæг.

Ацы азы та спорты æнтыстытыл буцахуыр Ирыстонæн ногæй уыд фадат сæрыстыр уæвынæн. Уæгъдибар хъæбысхæсты спортмæ бабырстой æртæ бынæттон лæппуйы – Зассеты Арсæмæг, Бестауты Андрей æмæ Дзæгъиаты Сослан. Дыууæ фыццаг Уæрæсейы фыццагады финалы 110 кг уæзы дих кодтой уæлахиздзауы ном. Финалы тыхджындæр уыд Арсæмæг. Уый ацыд "дунемæ", Андрей - "Европамæ". Ног æмвæзадыл дæр та ссисты уæлахиздзаутæ. Дзæгъиаты Сослан дæр  рамбылдта Уæрæсейы фыццагад, фæлæ йын дунейон ерыстæм фысым бæстæ визæ нæ радта.

© Sputnik / Наталья АйриянКоцты Тамералан йæ хъомылгæнинæгтимæ
Хъуамæ бафæразай: дунейы чемпион Зассеты Арсæмæг йе 'нтысты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Тамералан йæ хъомылгæнинæгтимæ

"Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау цæуы "дунемæ", æвзист призер – "Европæмæ". Афтæ адих кодтам балцæгтæ. Царды стæм хорз хæлæрттæ, кæд гауызыл ныхмæлæуджытæ стæм, уæддæр", - дзуры Арсæмæг.

Лæппутæ ног спортивон сезоны юношатæй хизынц фæсивæды категоримæ, стæй ма ивынц сæ уæзтæ дæр – Арсæмæг архайдзæн 97 кг, йе ʻмгар Андрей йæ ных сæвæрдта 120 кгмæ.

"Фидар у ме ʻмгар, асæй та дыууæ метрмæ æввахс (1, 92). Æрæджы уый рамыблдта Андиаты Сосланы номыл турнир æмæ ссис ацы турниры историйы иууыл æрыгондæр уæлахиздзау", - зæгъы Андрей.

Кæд лæппуйæ сæрыстыр у æгас республикæ, уæддæр бинонты ʻхсæн йе ʻнтыстытæ уадиссаг ахадгæ не ʻсты. Йæ хистæр æфсымæр Зассеты Ален цадлæр азы уыд Украинайы æмырдгонды сконды, рамыблдта Европæйы, уыд Рио-де-Жанейройы олимпиаг хъæзтыты архайæг.

"Дунейы æмвæзадыл Ален техникон æгъдауæй цæттæдæр спортсментæй иу. Арсæмæг дæр хорз размæ цæуы, нырма йæ йе 'фсымæрмæ бирæ хъæуы, фæлæ хорз бæрæггæнæнтæ æвдисы", - дзуры лæппуйы фыд Таймураз.

© Sputnik / Наталья АйриянЗассеты Арсæмæг йæ фыдТаймуразимæ
Хъуамæ бафæразай: дунейы чемпион Зассеты Арсæмæг йе 'нтысты тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зассеты Арсæмæг йæ фыдТаймуразимæ

Арсæмæг йæхæдæг та йе 'нтысты сусæгдзинад хоны фыдæбоны фæстиуæг.

"Дæс азы хъæуы бафæразын, стæй уый фæстæ уыдзысты уæлахизтæ, арфæтæ æмæ æнтыстытæ. Фыццаг чи бацыд гауызмæ, уыдонæн дæр мæ фæнды зæгъын - хъæуы бафæразын иу дæс азы бæрц", - балхынцъ кодта уый.

Лæппу ног азæй райдайдзæн йæ тох Уæрæсейы фыццагады ныр та фæсивæд ʻхсæн. Йе 'мгæрттæ Дзæгъиаты Сослан æмæ Бестауты Андрейимæ иумæ цæттæ кæнынц Коцты Тамерланмæ. Куыд Цæгат Иры æмырдгонды уæнгтæ афтæ сæ цæттæкæнын иу хай цæуы Дзæуджыхъæуы.

Ног хабӕртты лентӕ
0