Ирон богалтӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин майданы ӕхсӕнадӕмон турниры

© Минспорта РСО-АИрыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин майданы ӕхсӕнадӕмон турниры
Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин майданы ӕхсӕнадӕмон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ноджы ма дыууӕ ирон хъӕбысӕйхӕцӕджы – Богъаты Вадим ӕмӕ Цӕмӕхъаты Нарт – ссисты турниры бронзӕйон майданты хицӕуттӕ

ЦХИНВАЛ, 30 дек — Sputnik. Дойаты Альберт ӕмӕ Мӕрзойты Аскар греко-римаг стилы рамбылдтой сыгъзӕрин майдантӕ Мӕскуыйы уагъд цӕуӕг ӕхсӕнадӕмон турниры спортивон хъӕбысхӕстӕй, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

 Ирыстойнаг самбисттӕ рамбылдтой аст хорзӕхы ЦКФЗ чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг самбисттӕ рамбылдтой аст хорзӕхы ЦКФЗ чемпионаты

Ноджы ма дыууӕ ирон хъӕбысӕйхӕцӕджы – Богъаты Вадим ӕмӕ Цӕмӕхъаты Нарт – ссисты турниры бронзӕйон майданты хицӕуттӕ.

Спортсменты бацӕттӕ кодтой тренертӕ: Фӕрниаты Сослан ӕмӕ Хъазбег, Цӕмӕхъаты Нарт.

Амӕйразмӕ ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой авд хорзӕхы ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0