Турнирон февраль: шахматты федераци хоны ерыстæм

Рафыссын
Фыццаг уал Цхинвалы ацæудзæн командон чемпионат скъоладзауты хсæн, дыккаг та уыдзæн æмрæстæджы хъазты сеанс федерацийы хистæримæ

ЦХИНВАЛ, 14 фев – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры столицæйы февралы дыккаг хай ацæудзæн дыууæ турнир шахматтæй, фехъусын кодта Sputnik федерацийы разамонæг Саулохты Георгий.

Фыццаг уал Цхинвалы ацæудзæн командон чемпионат скъоладзауты хсæн, дыккаг та уыдзæн æмрæстæджы хъазты сеанс федерацийы хистæрмæ

"Дыууæ мадзал цæттæ кæнæм февралы, фыццаг æмæ сæйраг уыдонæй - республикæйы командон чемпионат скъоладзауты хсæн, йæ саразыны хъуыддаджы нын æххуыс кæны спорты комитет. Дырыс датæ нырма нæ сынсан кодтам", - загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, турнирон февралы ма иу мадзал суыдзæн æмрæстæджы хъазты сеанс.

Шахматты федераци хоны чызджыты турнирмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг республикӕйы: Шахматты федераци хоны чызджыты турнирмӕ

"Фыццаг хатт бирæ æзты дæргъы Цхинвалы ацæудзысты ахæм хуызы ерыстæ. Уый нысан кæны иу цæттæ шахматист æмрæстæджы хъаздзæн 20 доскайыл хицæн ныхмæлæуджытимæ иумæ. Ерыстæ уыдзысты гом, æдыхæй хъазт чи ахицæн кæна науæд рамбула, уыдонмæ æнхъæлмæ кæсы чысыл призтæ", - бафтыдта Саулохты Георгий.

Хуссар Ирыстоны шахматты федераци арӕзт ӕрцыд 2016 азы, йӕ сӕргъ слӕууыд йӕ бындурӕвӕрӕг Саулохты Георгий. Уымӕй размӕ шахматты ӕмӕ шашкиты федераци уӕвынад кодтой иумӕ. Фӕстаг ӕзты шахматон турниртӕ республикӕйы сарӕх сты – ӕрвылазон сты Гобозты Валерийы номарӕн турнир, Республикӕйы чемпионат ӕмӕ ӕндӕр ерыстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0