Хуссар Иры боксы ӕмбырдгондӕн Нагутнийы улӕфӕндоны ацӕудзысты ахуыртӕ

© Sputnik / Наталья АйриянБоксы скъола Цхинвалы
Боксы скъола Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къорды сконды сты Хуссар Ирыстоны Боксы секциты хуыздӕр хъомылгӕнинӕгтӕ, кӕцытӕ ӕдзух ӕмбулынц ӕхсӕнадӕмон турнирты, афтӕ ма перспективон спортсментӕ

ЦХИНВАЛ, 9 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕрыгон боксерты ӕмбырдгонд командӕйӕн цӕттӕгӕнӕн ахуыртӕ ацӕудзысты Знауыры районы Нагутнийы хъӕуы уӕвӕг улӕфӕндон "Ныфс"-ы. Спортсментӕ фидар кӕндзысты се 'нӕниздзинад ӕмӕ физикон цӕттӕдзинад, фехъусын кодта Sputnik Боксы скъолайы директоры хӕдивӕг Кокойты Ирбег.

Къорды сконды уыдзысты республикӕйы иууыл цӕттӕдӕр боксертӕ.

"Дыууын лӕппуйӕ фылдӕр дӕс боны дӕргъы сӕхи цӕттӕ кӕндзысты хосгӕнӕн улӕфӕндоны. Къорды сконды сты Хуссар Ирыстоны Боксы секциты хуыздӕр хъомылгӕнинӕгтӕ, кӕцытӕ ӕдзух ӕмбулынц ӕхсӕнадӕмон турнирты, афтӕ ма перспективон спортсментӕ", - загъта Кокойты Ирбег.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, рӕвдзытӕ ацӕудзысты августы, сӕрдыгон улӕфтӕй рахизыны фӕстӕ. Фӕсивӕдимӕ кусдзысты Боксы скъолайы директор Кокойты Мурӕт ӕмӕ тренер Плиты Азӕмӕт.

Ног хабӕртты лентӕ
0