Хуссар Иры фæзынд волейболы республикон федераци

© Sputnik / Наталья АйриянВолейбол
Волейбол - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы сæйраг горæты ацыд федерацийы фыццаг рабадт, кæцыйы хайадисджытæ æрдзырдтой Хуссар Ирыстоны волейбол сæндидзын кæныны фарстытыл

ЦХИНВАЛ, 16 июл - Sputnik. Цхинвалы ацыд республикæйы волейболы федерацийы фыццаг рабадт, цы рад ист æрцыд æхсæнадон организацийы уагæвæрд. Рабадтæн разамынад лæвæрдта федерацийы æрæджы равзæрстгонд президент Зассеты Мераб.

Женская сборная Южной Осетии по волейболу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры командæ волейболæй ссис æппæтуæрæсейон ерысты призер

Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй рабадты хайадисджытæ равзæрстой федерацийы къухдариуæгады, уырдæм бацыдысты 11 адæймаджы. Президенты хæдивæджы бынатмæ раразмæгонд æрцыд æвзонг тренер Кокойты Эдуард.

"Абонæй фæстæмæ мах райдайдзыстæм кусын нæ уарзон спорты хуызы раразмæ кæныныл. Мах æй иууылдæр хорз хъуыды кæнæм, советон рæстæджы куыд бæрзонд æмвæзадыл уыдысты нæ спортсментæ. Ныр дæр нæм тынг бирæ курдиатджын фæсивæд ис, уымæ гæсгæ хъуамæ нæ республикæйы волейбол сæндидза", - банысан кодта Зассеты Мераб.

Рабадты ма аскъуыддзаг кодтой бахатын Хуссар Ирыстоны президентмæ, цæмæй Гæззаты Дзантемыр æмæ Тыбылты Таймуразæн радтой кадджын ном "РХИ сгуыхт тренер".

Ног хабӕртты лентӕ
0