Ирыстон сӕрыстыр у йӕ спорсментӕй: президент Физкультурникы боны тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянСпорт
Спорт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта, йӕ цард спортимӕ чи сбаста, ӕппӕт уыцы адӕмӕн, афтӕ ма бузныг загъта, физикон культурӕйы райрӕзты бындурӕвӕрджытӕн

ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсменты уӕлахизтӕ дунейон ерысты ӕвдисынц тренерты профессионалондзинад, кӕцытӕ бындур ӕрӕвӕрдтой физикон культурӕйы райрӕзтӕн. Уый тыххӕй дзырдӕуы Бибылты Анатолийы арфӕйы Физкультурникы боны цытӕн.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг бахахх кодта, физикон культурӕ ӕмӕ спорты райрӕзтмӕ кӕй здӕхтӕуы уӕлдай хъусдард.

"Кусынц нӕм спортивон скъолатӕ ӕмӕ комплекстӕ, стадионтӕ ӕмӕ бассейнтӕ, бирӕ хъазӕн фӕзтӕ, арӕзт нӕм цӕуынц алы уавӕртӕ дӕр ӕнӕниз рӕзгӕ фӕлтӕр хъомыл кӕнынӕн, хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕнынц материалон спортивон базӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Президент ма банысан кодта, Физкультурникы бон кӕй иу кӕны ӕппӕт уыцы адӕмы, кӕцытӕ активон ӕмӕ ӕнӕниз цард, спортимӕ баст кӕй цард у, уыдон. Бибылты Анатолий загъта стыр бузныг, физикон культурӕ ӕмӕ спорт професси кӕмӕн ссисты, уыцы адӕмӕн ӕмӕ сын йӕ цӕст бауарзта ног ӕнтыстытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0