Хуссар Иры ӕмбуархӕцджытӕн ацыд рӕвдзытӕ Знауыры

© Sputnik / Антон Денисов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ир ӕмбуархӕцджытӕн ацыд сбортӕ Знауыры
Хуссар Ир ӕмбуархӕцджытӕн ацыд сбортӕ Знауыры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы рӕвдзытӕ Хуссар Ирыстоны спортсментӕн ссисты дыккӕгтӕ, уымӕй размӕ Знауыры районы дзюдойы скъола ӕрфысым кодта равзаргӕ боксерты

ЦХИНВАЛ, 4 сен - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны ӕмбуар хӕсты секцийы хъомылгӕнинӕгтӕ райстой хайад цӕттӕгӕнӕн рӕвдзыты. Дӕс боны дӕргъы фӕсивӕд цӕттӕ кодтой Знауыры, фехъусын кодой Sputnik спорты комитеты пресс-службӕйы.

Къорды сконды уыд Уӕлдар спортивон дӕсныйады скъолайы ӕмӕ Спорты скъолайы минӕвӕртты иу хай. Ахуыртӕ цыдысты ММА ӕмӕ ӕмбуар хӕсты тренер Хъуылымбегты Мамеды къухдариуӕгады бын, лӕппутимӕ ма куыстой Хаситы Зелим ӕмӕ Бестауты Азӕмӕт.

"Цӕргӕ дӕр ӕмӕ тренировкӕ дӕр кӕнӕм иу бынаты. Фӕсивӕд сты ӕппынӕдзух хъусдарды бын, уый сӕ фыццаг рады ахуыр кӕны дисциплинӕйыл. Боны мидӕг уадзӕм дыууӕ тренировкӕйы", - хъусын кӕны тренер Хъуылымбегты Мамеды ныхӕстӕ пресс-службӕ.

Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕсивӕдӕн уыд нывыл уавӕртӕ тренировкӕтӕн.

Ацы рӕвдзытӕ Хуссар Ирыстоны спортсментӕн систы дыккӕгтӕ, уымӕй размӕ Знауыры районы дзюдойы скъола ӕрфысым кодта равзаргӕ боксерты.

Ног хабӕртты лентӕ
0