Дыууӕ хуссарирыстойнаг боксеры стох кӕндзысты ӕхсӕнадӕмон турниры Абхазы

© Photo : Из личного архива Гамлета ГабараеваДыууӕ хуссарирыстойнаг боксеры стох кӕндзысты ӕхсӕнадӕмон турниры Абхазы
Дыууӕ хуссарирыстойнаг боксеры стох кӕндзысты ӕхсӕнадӕмон турниры Абхазы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны спортивон кад хъахъхъӕндзысты 2019 Цӕгат Ирыстоны фыццагады триумфатортӕ Яралов Ян ӕмӕ Бестауты Аслан.

ЦХИНВАЛ, 27 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цӕгат Ирыстоны командӕтӕй сконды дыууӕ цхинвайлаг боксеры стох кӕндзысты Абхазы ӕхсӕнадӕмон турниры, кӕцы нывонд у сӕ бӕстӕйы Леоны ордены кавалер, Советон цӕдисы спорты мастер Георгий Блабы рухс номӕн. Уый тыххӕй фехъусын кодта Sputnik сӕ тренер Гӕбӕраты Гамлет.

Ерысты цӕудзысты 29 сентябрӕй фӕндзӕм октябрьмӕ абхазаг горӕт Пицундайы.

"Тренер Плиты Роберты къухдариуӕгадӕй Цӕгат Ирыстонӕй цӕуы командӕ 20 адӕймаджы бӕрц, се сконды нӕ спортсментӕ - Яралов Ян ӕмӕ Бестауты Аслан. Ивгъуыд аз уыдон рамбылдтой Цӕгат Ирыстоны фыццагад, фӕлӕ пандемиийы аххосӕй ныр иу аз нӕ архайдтой ерысты, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, сӕм хорз ӕнтыстытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм",- загъта сӕ тренер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фарон Бестауты Аслан ссис ацы ерысты призер.

Спортсментӕ цӕттӕ кӕнынц Цхинвалы спорты галуан Олимпы боксы секцийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0