Ӕртӕ сыгъзӕрины: ирон богалтӕ рамбылдтой Ӕфсӕддон ерыстӕ спортивон хъӕбысхӕстӕй

© 15-й Регион ирон богалтӕ рамбылдтой Ӕфсӕддон ерыстӕ спортивон хъӕбысхӕстӕй
ирон богалтӕ рамбылдтой Ӕфсӕддон ерыстӕ спортивон хъӕбысхӕстӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тувайы ацыдысты Ӕфсӕддон ерыстӕ спортивон хъӕбысхӕстӕй УФ хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгуйы Кубок рамбулыны сӕраппонд

ЦХИНВАЛ, 2 ноя - Sputnik. Ирыстойнаг уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой сыгъзӕрин майдантӕ Ӕфсӕддон ерысты спортивон хъӕбысхӕстӕй.

"Турниры сыгъзӕрин майдантӕ рамбылдтой Сидахъты Зауырбег, Тускъаты Азӕмӕт ӕмӕ Соттиты Асланбег", - хъусын кӕны 15-ӕм Регион Цӕгат Ирыстоны физикон культурӕ ӕмӕ спорты министрады пресс-службӕйыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.

Тускъаты Азӕмӕт рамбылдта 6:4 хыгъдӕй Дондук-оола Хуреш-оолайы, Сидахъты Зауырбег 2:2 хыгъды рӕстӕджы фӕстаг архайдмӕ гӕсгӕ рамбылдта Тимур Бижоевы ӕмӕ Соттиты Асланбег та фӕуӕлахиз Джиоты Эрикыл 6:4 хыгъдӕй.

Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ архайдтой ЦСКА командӕйы сконды. Финалон тохты фӕстиуӕгӕн уыдон бацахстой фыццаг бынат, ӕвзист майдантӕ рамбылдтой 41-ӕм ӕфсады спортсментӕ. Бронзӕйон майдантӕ та рамбылдта Уӕлдӕфон-десантон ӕфсады командӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0