Дыууӕ цхинвайлаг ӕрмхӕцӕджы рамбылдтой Цӕгат Иры фыццагад

© Photo : Из личного архива Милены ДогузовойДыууӕ цхинвайлаг ӕрмхӕцӕджы рамбылдтой Цӕгат Иры фыццагад
Дыууӕ цхинвайлаг ӕрмхӕцӕджы рамбылдтой Цӕгат Иры фыццагад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты фыццаг бынӕттӕ бацахстой Дыгъуызты Милена ӕмӕ Хӕбӕлаты Арсен, дыууӕ спортсменӕн дӕр ис стыр ӕнтыстытӕ спорты ацы хуызы

ЦХИНВАЛ, 28 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы армрестлингы секциты хъомылгӕнинӕгтӕ ссисты Цӕгат Ирыстоны фыццагады уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ, фехъусын кодта Sputnik армспорты тренер Джиоты Валерий.

"Ерысты фыццаг бынӕттӕ бацахстой Дыгъуызты Милена ӕмӕ Хӕбӕлаты Арсен. Бронзӕйон призертӕ та систы цыппарӕй: Уалыты Валерия, Дзигойты Стелла, Сиукъаты Родион ӕмӕ Джиоты Дауыт", - загъта тренер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕмткӕй ӕхсӕз спортсмены расгуыхт турниры, уыдон се 'ппӕт дӕр бацыдысты Цӕгат Ирыстоны ӕмбырдгонды скондмӕ ӕмӕ ӕрбалӕугӕ азы марты тох кӕндзысты Уӕрӕсейы фыццагады призтыл.

© Photo : Из личного архива Милены ДогузовойДыууӕ цхинвайлаг ӕрмхӕцӕджы рамбылдтой Цӕгат Иры фыццагад
Дыууӕ цхинвайлаг ӕрмхӕцӕджы рамбылдтой Цӕгат Иры фыццагад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууӕ цхинвайлаг ӕрмхӕцӕджы рамбылдтой Цӕгат Иры фыццагад

Командӕйӕн ерыстӕм ацӕуынӕн баххуыс кодта фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитет.

Фӕсивӕд цӕттӕ кӕнынц спорты галуан "Олимп"-ы ӕмӕ Спорты скъолайы Цхинвалы тренертӕ Джиоты Валерий, Коцты Дмитрий ӕмӕ Бететы Аланы къухдариуӕгад бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0