Хъуамӕ рамбулон: Хуыгаты Алан стох кӕндзӕн Цӕгат Иры боксы изӕры

© instagram/alankhugaevХуыгаты Алан
Хуыгаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.03.2021
Рафыссын
Спортсмен йӕ кӕройнаг ныхмӕлӕуды фӕстӕ баулӕфдзӕн ӕрмӕстдӕр дыууӕ къуырийы ӕмӕ та ногӕй рахиздзӕн рингмӕ

ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Ирон спортсмен Хуыгаты Алан ауадздзӕн тох Дзӕуджыхъӕуы боксы изӕры.  Мадзал ацӕудзӕн 11 марты ресторан "Торне"-йы, фехъусын кодта Sputnik спортсмен йӕхӕдӕг.

Хуыгаты Аланы ныхмӕлӕууӕг нырма бӕрӕг нӕу. Уымӕй дарддӕр ма мадзалы хайад райсдзысты клуб "Ариана"-йы ӕндӕр минӕвӕрттӕ.

Спортсменӕн Мӕскуыйы боксы изӕр "Shamo boxing"-ы йӕ кӕройнаг ныхмӕлӕуды фӕстӕ рацыд ӕрмӕстдӕр дыууӕ къуырийы - уый уӕд йӕ ныхмӕлӕууӕг Толибджон Сарабековы ӕртыккаг раунды арвыста нокауты.

"Мӕскуыйы ерысты размӕ рагӕй нал рахызтӕн рингмӕ ӕмӕ рымысыдтӕн тох. Цӕттӕкӕнынад цӕуы бӕрзонд ӕмвӕзадыл. Хъуамӕ рамбулон", - загъта Алан.

Хуыгаты Алан нырма иу хатт дӕр нӕ фӕхӕрд - профессионалон рингыл уый 12 хатты ссис уӕлахиздзау. Уый у клуб "Ариана"-йы  минӕвар ӕмӕ тох кӕны астӕуккаг ӕрдӕгуӕзы (63 кг) категорийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0