Ӕртӕ ӕвзисты: цхинвайлаг ӕрмхӕцджытӕ cсисты Уӕрӕсейы фыццагады призертӕ

© Sputnik / Из архива тренера В. ДжиоеваЦхинвайлаг ӕрмхӕцджытӕ систы Уӕрӕсейы фыццагады призертӕ
Цхинвайлаг ӕрмхӕцджытӕ систы Уӕрӕсейы фыццагады призертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.03.2021
Рафыссын
Дыккаг бынӕттӕ бацахстой 2019 азы дунейон ӕмӕ Европӕйы ерысты уӕлахиздзау Хӕбӕлаты Арсен, 2018 азы дунейон ерысты ӕвзист призертӕ Плиты Батрадз ӕмӕ Дыгъуызты Милена

ЦХИНВАЛ, 9 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕрмхӕцджытӕ райстой Уӕрӕсейы фыццагады ӕвзист призтӕ горӕт Орёлы, фехъусын кодта Sputnik сӕ тренер Джиоты Валерий.

Дыккаг бынӕттӕ бацахстой 2019 азы дунейон ӕмӕ Европӕйы ерысты уӕлахиздзау Хӕбӕлаты Арсен, 2018 азы дунейон ерысты ӕвзист призертӕ Плиты Батрадз ӕмӕ Дыгъуызты Милена.

"Иумӕйагӕй сисгӕйӕ турнир ацыд тынг бӕрзонд ӕмвӕзадыл. Хӕбӕлаты Арсен у хорз цӕттӕ, фӕхӕрд ис ӕрмӕст Уӕрӕсе, дуне ӕмӕ Европӕйы ӕхсӕз хатты чемпион Дигурты Сӕрмӕтӕн. Уый уыд йӕ спортивон карьерӕйы иууыл тыхджындӕр ныхмӕлӕууӕг. Плиты Батрадзмӕ дӕр ӕрхаудта тыхджын спортсмен Белгородӕй Михаил Бережной", - загъта тренер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕртӕ спортсмен дӕр райстой балцӕгтӕ бӕрзонддӕр ерыстӕм.

 Ирыстойнаг ӕрмхӕцджытӕ рамбылдтой дунейы фыццагад Румынийы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.10.2019
Иууыл тыхджындӕртӕ: Ирыстойнаг ӕрмхӕцджытӕ рамбылдтой дунейы фыццагад Румынийы

"Ӕртӕ дӕр ацӕудзысты Европӕйы фыццагадмӕ, кӕцы ацӕудзӕн майы Литвайы. Уым хъуамӕ равдисой ноджы хуыздӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ", - бафтыдта Джиоты Валерий.

Ерысты ма Цхинвалӕй архайдтой Джиоты Дауыт ӕмӕ Уалыты Виктория.

"Уыдон баззадысты ӕнӕ майдантӕй, фӕлӕ фыццаг хатт архайдтой ӕмӕ сӕ бон цы уыд, уый сарӕзтой. Фӕстӕдӕр уыдон нырма сӕхи равдисдзысты", - балхынцъ кодта Джиоты Валерий.

Уӕрӕсейы фыццагад ӕрыгӕтты хсӕн уыд Уӕрӕсейы горӕт Орёлы. Архайдтой дзы 400 спортсмены онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0