Цхинвайлаг уӕзисӕг ссис ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты призер

© Из архива тренера А. ПлиеваЦхинвайлаг уӕзисӕг ссис ӕппӕтуӕрӕсеон ерысты призер
Цхинвайлаг уӕзисӕг ссис ӕппӕтуӕрӕсеон ерысты призер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.03.2021
Рафыссын
Джиоты Александр 18 азы кармӕ рамбылдта бирӕнымӕц престижон ерыстӕ, йӕ хорзӕхты хӕзнадоны ис Уӕрӕсейы фыццагады уӕлахиз дӕр

ЦХИНВАЛ, 9 мар - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг уӕзисӕг Джиоты Александр ссис Шесталюкы номыл ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты бронзӕйон призер уӕззау атлетикӕйӕ. Дыууӕ хуызы ерысты спортсмен систа 287 килограммы, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта йӕ тренер Плиты Артур.

Хуссар Иры уӕззау атлетикӕйы минӕвӕрттӕ cсисты Цӕгат Иры фыццагады призертӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.02.2021
Цхинвайлаг штангисттӕ cсисты Цӕгат Ирыстоны фыццагады призертӕ

Джиоты Александр 18 азы кармӕ рамбылдта бирӕнымӕц престижон ерыстӕ, йӕ хорзӕхты хӕзнадоны ис Уӕрӕсейы фыццагады уӕлахиз.

"Уый равдыста йӕ спортивон карьерӕйы хуыздӕр хатдзӕг. "Рывок"-ӕй уый систа 125 килограммы, "толчок"-ӕй 162 килограммы. Дыууӕ ерысты иумӕ уый басаста 287 килограммы ӕмӕ ссис ерысты бронзӕйон призер", - загъта тренер.

Спортсмен архайдта 110 кг уӕзы. Джиоты Александры цӕттӕ кӕнынц Плиты Артур ӕмӕ Наниты Алан.

Ног хабӕртты лентӕ
0