Иууыл стырдӕр ӕнтыст: цхинвайлаг боксертӕ райстой балцӕгтӕ Уӕрӕсейы фыццагадмӕ

© Пресс-служба комитета по молодежной политике и спорту РЮОцхинвайлаг боксертӕ райстой балцӕгтӕ Уӕрӕсейы фыццагадмӕ
цхинвайлаг боксертӕ райстой балцӕгтӕ Уӕрӕсейы фыццагадмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.03.2021
Рафыссын
Ерыстӕ цыдысты Краснодары крайы 13-14 аздзыд спортсменты хсӕн. Цхинвайлаг спортсменты тренертӕ тынг райгондӕй баззадысты сӕ хъомылгӕнинӕгты ӕнтыстӕй

ЦХИНВАЛ, 30 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Боксы скъолайы дыууӕ хъомылгӕнинаг Цхуырбаты Арсен ӕмӕ Гатыгкоты Аслан ссисты профцӕдисты спортивон ӕхсӕнад "Россия"-йы централон советы фыццагады уӕлахиздзаутӕ. Ацы ӕнтысты фӕрцы дыууӕ лӕппуйӕн фадат ис Уӕрӕсейы фыццагады стох кӕнын, фехъусын кодта Sputnik боксы тренер Куымӕридтаты Родион.

Хуссарирыстойнаг боксертӕ ссисты ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты финалисттӕ

"Спортсментӕн уый у иууыл стырдӕр ӕнтыст. Ахызтысты Уӕрӕсейы фыццагадмӕ. Хорз уӕлахиз ӕрхастой ӕмӕ сӕ стӕм райгонд", - загъта тренер.

Ерыстӕ цыдысты Краснодары крайы 13-14 аздзыд спортсменты хсӕн. Цхуырбаты Арсен архайдта 66 килограммы онг уӕзы категорийы, Гатыгкоты Аслан та - 60 онг категорийы. Бацӕттӕ сӕ кодтой тренертӕ Куымӕридтаты Родион ӕмӕ Тедеты Алик.

Ног хабӕртты лентӕ
0