Фӕсивӕды бон Ленингоры банысан кодтой спорты тыхон хуызтӕй турнирӕй

© Пресс-служба администрации Ленингорского района РЮОФӕсивӕды бон Ленингоры банысан кодтой спорты тыхон хуызтӕй турнирӕй
Фӕсивӕды бон Ленингоры банысан кодтой спорты тыхон хуызтӕй турнирӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.06.2021
Рафыссын
Ерыстӕ рацыдысты масштабон - хайадисджыты фарс балӕууынмӕ ӕрбацыдысты сӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ ӕввахс адӕм. Хъӕзтыты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, хуыздӕр спортсменты схорзӕхджын кодта районы къухдариуӕгад

ЦХИНВАЛ, 28 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Фӕсивӕды бонмӕ Ленингоры поселочы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты хайад ауагъта турнир спорты тыхон хуызтӕй. Спортивон мадзалы хайад райстой куыд районы цӕрджытӕ, афтӕ ма милицийы хайады ӕмӕ зынгсирвӕзтон-ирвӕзынгӕнӕн службӕйы командӕтӕ.

"Ахӕм спортивон ерыстӕ районы ссисты традицион ӕмӕ сӕ алыхатт дӕр фӕсивӕд райсынц активон хайад. Мадзалы архайджытӕ сӕ тыхтӕ бавзӕрстой бӕндӕн ивазынӕй, уӕзтӕ исынӕй ӕмӕ ядро ӕхсынӕй", - радзырдта бынӕттон администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжела.

Ерыстӕ цыдысты гом арвы бын поселочы централон парчы, спортсменты фырс балӕууынмӕ ӕрбацыдысты сӕ бинонтӕ ӕмӕ хӕлӕрттӕ.

"Ядро ӕхсынӕй фыццаг бынатыл ацыд Хъыбылты Владимир, гирӕтӕ исынӕй рамбылдта Битарты Автандил ӕмӕ бӕндӕн ивазынӕй та уӕлахиздзау ссис Ленингоры поселочы командӕ", - ранымадта районы пресс-секретарь.

Ерысты уӕлахиздзаутӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты грамотатӕ ӕмӕ ӕхцайы фӕрӕзтӕй.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0