ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik. Зындгонд ирон футболит Зæгъойты Алан йæ бадзырд Ӕфсæддонты централон спортивон клубимæ адарддæр кодта 2022/23 сезоны кæронмæ, хъусын кæны клубы пресс-службæ.
Дзæгъойты Алан ӔЦСК сконды хъазы æртындæс азы.
"Зæгъойты Алан ӔЦСК-имæ йæ бадзырд адарддæр кодта 2022-2023 сезоны кæронмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Æрдæгхъахъхъæнæг Ӕфсæддонты централон спортивон клубы ныры онг ахъазыд 375 матчы, бакодта 77 голы. Зæгъойты Алан у Уæрæсейы æртæ хатты чемпион, цыппар хатты рамбылдта Уæрæсейы Кубок æмæ Суперкубок.