Ирон дзюдоисткӕ Таймӕзты Мӕдинӕ ахызт Олимпиадӕ-2020 ӕрдӕгфиналмӕ

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæИрон дзюдоисткӕ Таймӕзты Мӕдинӕ
Ирон дзюдоисткӕ Таймӕзты Мӕдинӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2021
Рафыссын
Ирон спортсменкӕ раздӕр, финалы 1/6, ныббырста испаниаг Мария Бернабеу ӕмӕ бразилиаг Мария Портельюйы

ЦХИНВАЛ, 28 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Ирыстойнаг дзюдоисткӕ Таймӕзты Мӕдинӕ ахызг Олимпиаг хъӕзтытӕ-2020-ы ӕрдӕгфиналмӕ Токиойы, йӕ ныхмӕлӕууӕгыл Грецийӕ Элизавет Телцидоуыл фӕуӕлахизуӕвгӕйӕ.

Олимпиадӕ, Токио - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2021
Аст ирон спортсмены хайад райсдзысты Олимпиадӕйы Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды сконды

Аренӕ "Ниппон Будокан"-ы ацыд Олимпиаг хъӕзтытӕ – 2020 финалы 1/4 дзюдойӕ сылгоймӕгты хсӕн. Таймӕзты Мӕдинӕ архайы уӕрӕсейаг ӕмбырдгонды сконды 70 килограммы онг категорийы.

Ирон спортсменкӕ раздӕр, финалы 1/6, ныббырста испаниаг Мария Бернабеу ӕмӕ бразилиаг Мария Портельюйы. Хъӕзтыты ӕрдӕгфинал ацӕудзӕн 28 июлы.

Токиойы олимпиадӕ ахастӕуыд иу аз фӕстӕдӕр пандемийы тыххӕй ӕмӕ уагъд цӕуы 23 июлӕй 8 августы онг. Уый нымад у иууыл егъаудӕрыл спорты хуызты нымӕцмӕ гӕсгӕ - 33 ӕмӕ категоритӕм гӕсгӕ - 339. Хайад сӕ исынц 19 мин спортсмены онг. Олимпиадӕ цӕуы ӕнӕ фӕсарӕйнаг кӕсджытӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0