Хуссар Иры фыццаг хатт фӕзындзӕн олимпиаг тхэквондойы секци

© Из архива В. ГучмазоваХуссар Иры фыццаг хатт фӕзындзӕн олимпиаг тхэквондойы секци
Хуссар Иры фыццаг хатт фӕзындзӕн олимпиаг тхэквондойы секци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2021
Рафыссын
Тхэквондойы ацы хуыз Хуссар Иры никуы уыд, уымӕ гӕсгӕ дзы нӕй тренертӕ дӕр. Гуыцмӕзты Валерий куыд банысан кодта, афтӕмӕй уый ӕрфидар кӕнынӕн ӕнцой кӕндзысты Цӕгат Ирыстоны фӕлтӕрддзинадыл
ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы фыццаг хатт йӕ куыст райдадзӕн олимпиаг тхэквондойы секци. Цхинвалӕн ӕнахуыр спортыл фидӕны спортсменты Сывӕллӕтты сфӕдыстадон галуаны цайдагъ кӕндзӕн Гуыцмӕзты Валерий.
Тренер ӕрӕджы ӕрыздӕхт йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ Уӕрӕсейӕ, раздӕр уый архайдта тхэквондойы спорты, стӕй та куыста Ростовы клуб "Курган"-ы. Уыймӕ размӕ уыд Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты сконды. Хуссар Ирыстонмӕ йе 'рцыды фӕстӕ бындур ӕрӕвӕрдтой тхэквондойы Федерацийӕн ӕмӕ бакодтой спортивон клуб "Рухс сомбон".
© Из архива В. ГучмазоваХуссар Иры фыццаг хатт фӕзындзӕн олимпиаг тхэквондойы секци
В Южной Осетии открывается секция олимпийского тхэквондо - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Хуссар Иры фыццаг хатт фӕзындзӕн олимпиаг тхэквондойы секци
Уый банысан кодта, секцимӕ сывӕллӕттӕ ист кӕй цӕуынц ӕхсӕз азы карӕй.
"Фыццаг-ӕртыккаг кълӕсты скъоладзаутыл ӕнцой кӕндзынӕн. Иу аз хъӕуы, цӕмӕй сывӕллӕттӕн фыццаг бындур радтон. Уроктӕ цӕудзысты сахат ӕмӕ 'рдӕг. Ӕз ӕй зонын, ам сывӕллӕттӕ уӕлахиздзаутӕй гуырынц, ӕрмӕст сӕ хъӕуы слӕууын кӕнын сӕ фӕндагыл. Хицӕн къордӕй та кусдзынӕн хистӕр кары адӕмимӕ", - загъта тренер, Федерацийы вице-президент Гуыцмӕзты Валерий.
Уый ма бафтыдта, Хуссар Ирыстоны ацы спорты хуыз ӕрфидар кӕнынӕн кӕй ӕнцой кӕндзысты Цӕгат Ирыстоны фӕлтӕрддзинадыл.
"Тхэквондойы ацы хуыз Хуссар Ирыстоны никуы уыд, уымӕ гӕсгӕ дзы нӕй тренертӕ дӕр. Афтӕмӕй тынг ӕвзыгъд стӕм, Цӕгат Ирыстон ацы спортӕй нымад у тыхджындӕр регионыл. Уӕрӕсейы ӕппӕт къуымтӕй уырдӕм тырнынц спаррингтӕм. Мах сывӕллӕтты цӕттӕ кӕндзыстӕм Цӕгат Ирыстонимӕ ӕмгуыстады", - радзырдта уый.
Тхэквондойы спорты Ирыстонӕн ис йӕхи хъайтартӕ. Дунейы чемпионӕй дарддӕр дзы ис олимпиаг хъӕзтыты архайджытӕ дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0