https://sputnik-ossetia.com/20210930/KhIPU-yy-atsyd-rvylazon-zgord-12885601.html
ХИПУ-йы ацыд æрвылазон згъорд
ХИПУ-йы ацыд æрвылазон згъорд
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрвылазон згъорды, кæцыйы архайдтой дыккаг æмæ фыццаг курсты студенттæ, уæлахиздзаутæ ссисты Хуыбиаты Алан æмæ Тедеты Олеся 30.09.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-09-30T16:46+0300
2021-09-30T16:46+0300
2021-10-01T08:38+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/09/1e/12884349_0:183:1193:857_1920x0_80_0_0_973c92e23559a94b914c089934a51ea8.jpg
ЦХИНВАЛ, 30 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд æрвылазон студентон згъорд, кæцы нывонд уыд республикæйы бонæн, фехъусын кодта Sputnik ХИПУ-йы кусæг Цхуырбаты Зема.Згъорд сарæзтой "Физвоспитание" æмæ "Теория и методика физвоспитания"-йы кафедратæ. Фæсивæд ерыс кодтой Октябры уынгыл, архайдтой дыккаг æмæ фыццаг курсты студенттæ.Лæппуты хсæн уæлахиздзау ссис Хуыбиаты Алан, дыккаг бынатыл ацыд Козаты Арсен, æртыккаг – Къæбысты Сослан.Чызджыты хсæн расгуыхт Тедеты Олеся, дыккаг ссис Джиголаты Аланæ æмæ æртыккаг та Дудайты Донна.Сæрмагонд призтæ "За волю к победе"-йæ рахицæн кодтой Тедеты Илона æмæ Пухаты Дзамболаты.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/09/1e/12884349_0:145:1193:895_1920x0_80_0_0_6c23f92253333317e3e02baef8c5e54b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
ХИПУ-йы ацыд æрвылазон згъорд
16:46 30.09.2021 (Ранӕуӕггонд: 08:38 01.10.2021) Ӕрвылазон згъорды, кæцыйы архайдтой дыккаг æмæ фыццаг курсты студенттæ, уæлахиздзаутæ ссисты Хуыбиаты Алан æмæ Тедеты Олеся
ЦХИНВАЛ, 30 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд æрвылазон студентон згъорд, кæцы нывонд уыд республикæйы бонæн, фехъусын кодта Sputnik ХИПУ-йы кусæг Цхуырбаты Зема.
Згъорд сарæзтой "Физвоспитание" æмæ "Теория и методика физвоспитания"-йы кафедратæ. Фæсивæд ерыс кодтой Октябры уынгыл, архайдтой дыккаг æмæ фыццаг курсты студенттæ.
"Мадзал цæуы, цæмæй студентты фæцайдагъ кæнæм спортыл. Мах пропаганда кæнæм патриотизм æмæ æнæниз цард", - загъта Цхуырбаты Зема.
Лæппуты хсæн уæлахиздзау ссис Хуыбиаты Алан, дыккаг бынатыл ацыд Козаты Арсен, æртыккаг – Къæбысты Сослан.
Чызджыты хсæн расгуыхт Тедеты Олеся, дыккаг ссис Джиголаты Аланæ æмæ æртыккаг та Дудайты Донна.
Сæрмагонд призтæ "За волю к победе"-йæ рахицæн кодтой Тедеты Илона æмæ Пухаты Дзамболаты.