"Тбау" ссис цӕгатирыстойнаг футболон клуб "Аланийы" официалон дон

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæ"Алани"
Алани - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.10.2021
Рафыссын
Æмгуыстады фæлгæты ма арæзт æрцыд футболуарзджытимæ фембæлд. Футболисттæн лæвæрдтой фарстытæ хъазты тыххæй, стæй сæ царды тыххæй дæр
ЦХИНВАЛ, 19 окт – Sputnik. Футболон клуб "Алани" æмæ компаниты къорд "Бавари" бафыстой бадзырд. Ныр нуазыны доны æвгтыл уыдзæн футболон клубы логотип, хъусын кӕны Осетия-Ирыстон.
Футболон клуб Алани-йы æнусон юбилейæн Дзæуджыхъæуы снывонд кодтой ног граффити - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.08.2021
Футболон клуб "Алани"-йы æнусон юбилейæн Дзæуджыхъæуы снывонд кодтой ног граффити
"Тбау"-ы эмблемæ та уыдзæн футболистты уæлæдарæсыл.
Æмгуыстады фæлгæты ма арæзт æрцæудзæн цымыдисаг мадзæлттæ дæр.
Зæгъæм, фыццаг мадзал – футболуарзджытимæ фембæлд. Футболисттæн лæвæрдтой фарстытæ хъазты тыххæй, стæй сæ царды тыххæй дæр.
Футболуарзджытæн ма фадат уыд сæ уарзон футболисттимæ къамтӕ сисынæн дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0