https://cdn1.img.sputnik-ossetia.ru/i/logo-itemprop.png
Sputnik Хуссар Ирыстон
https://cdn2.img.sputnik-ossetia.ru/i/logo.png
Sputnik
https://cdn2.img.sputnik-ossetia.ru/i/logo.png
https://sputnik-ossetia.com/video/20160311/1455045.html
Гуырдзыстоны ахӕстӕттӕй ссӕрибаруӕвӕг лӕппутыл сӕмбӕлдысты Цхинвалы
Сæдæгай цхинвайлæгтæ æрбацыдысты Театралон фæзуатмæ, цæмæй сæмбæлой не ‘мзæххонтæй Гуырдзыстоны ахæстæттæй чи раирвæзт, уыцы цыппар лæппуйыл – Зассеты Георгий, Уалыты Георгий, Турашвили Борис æмæ Хъоцыты Иосифыл (Сосо) .
https://nfw.ria.ru/flv/file.aspx?nolog=1&ID=38324574&type=mp4
https://cdn2.img.sputnik-ossetia.ru/i/thumbnail/background_16x9.jpg
https://cdn2.img.sputnik-ossetia.ru/i/thumbnail/background_4x3.jpg
https://cdn2.img.sputnik-ossetia.ru/i/thumbnail/background_1x1.jpg
PT1M47S
2016-03-11T18:21Z
Сæдæгай цхинвайлæгтæ æрбацыдысты Театралон фæзуатмæ, цæмæй сæмбæлой не ‘мзæххонтæй Гуырдзыстоны ахæстæттæй чи раирвæзт, уыцы цыппар лæппуйыл – Зассеты Георгий, Уалыты Георгий, Турашвили Борис æмæ Хъоцыты Иосифыл (Сосо) .
Хиуæттæ, æмкъласонтæ, сыхæгтæ æмæ ‘нæзонгæ адæм æрбацыдысты, цæмæй сæмбæлой, даргъ 11 азы йæ хиуæтты æмæ райгуырæн горæты уынгтæ цы лæппутæ нæ федтой, уыдоныл.
Куыддæр микроавтобус дардæй æрбазынд, афтæ æнхъæлмæкæсджытæ цины хъæртимæ агуылф кодтой машинæйы размæ.
Æрдæг сахатæй фылдæр адарддæр ис фыццаг фембæлды цины уылæн.
Уый фæстæ лæппуты æмæ уыдон хиуæтты йæхимæ райста республикæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид. Ныхасы рæстæджы уый банысан кодта, ацы мадзал сæххæст кæныны рæстæджы цы зындзинæдтыл æмбæлдысты, уыдон.