Куыд ацыд Цхинвалы Донецкимæ иумæйаг маркæйы презентаци

Рафыссын
Хуссар Ирыстон æмæ Донецкаг адæмон республикæ рауагътой иумæйаг маркæ. Бакæсут видеомæ, Цхинвалы куыд ацыд Хуссар Ир æмæ ДАР-ы иумæйаг маркæйы презентаци

Хуссар Ирыстоны столицæйы уагъд æрцыд Хуссар Ир æмæ ДАР-ы иумæйаг маркæйы презентаци. Мадзал нывон уыд, Цхинвал Донецкаг адæмон республикæйы хæдбардзинад куы банымадта, ууыл æртæ азы сæххæстæн. Хуссар Иры бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæг Джиголаты Хасан æмæ ДАР-ы бастдзинады министры фыццаг хæдивæг Никита Бородин радзырдтой, иумæйаг маркæйы сæйраг темæ кæй у рæстдин. Маркæйы иу фарсыл ис Цхинвалы аргъуан, аннæйыл та — Донецкы кафедралон аргъуан.

Дыууæ бæстæты минæвæрттæ ма сæ къухфысттæ æрæвæрдтой постон къабазы æмгуыстады фæдыл бадзырдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0