Цхинвалы сæвæрдтой мемориалон фæйнæг Гасситы Знауырæн: церемонийы кадртӕ

Рафыссын
Бакæсут видеойы, куыд кодтой зындгонд хуссарирыстойнаг политик Гасситы Знауыры хæдзары сисыл мемориалон фæйнæг

Легендарон хуссарирыстойнаг политик Гасситы Знауыр бирæ æзты цы хæдзары цард, уый сисыл мемориалон фæйнæг æрбайгом кæныны церемонийы хайад райстой республикæйы президент, министртæ æмæ дипломаттæ.

Президент Бибылты Анатолий банысан кодта Гасситы Знауыры уæзджын хайбавæрд Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад æмæ хæдбардзинадмæ, афтæ ма йын рахицæн кодта йæ хъæбатырдзинад æмæ фæлмæн зæрдæ.

Гасситы Знауыр уыд Хуссар Ирыстоны политикон æмæ æхсæнадон архайæг. Ӕндæр æмæ æндæр азты уыд Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы сæргълæууæг æмæ парламенты разамонæг. Иста активон хайад гуырдзиаг агрессийы фæстæмæ аппарыны æмæ хуссарирыстойнаг паддзахады суверенитет саразыны. Амард 2016 азы 6 марты 90 азы кары.

Ног хабӕртты лентӕ
0