Уанел Цхинвалы: цæуыл дзырдтой ирæттæ дунейы алы бæстæтæй

Рафыссын
Ӕхсæнадæмон æхсæнадон змæлд "Стыр Ныхас"-ы юбилейон X уанелы рæстæджы ацыд хорзæхкæныны церемони - Цæгат Ирыстоны разамонæг Битарты Вячеслав радта майдантæ «Во славу Осетии" дæс адæймагæн.

Цхинвалы æрбайгом "Стыр Ныхас"-ы юбилейон X уанел. Йæ куысты хайад райстой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Хуссар Иры президент Бибылты Анатолий.

Ирыстоны дыууæ хайы разамонджытæ æрдзырдтой Ирыстоны скъуыддзагкæнинаг ахсджийаг фарстытыл. Æвзаг æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæныныл æмæ политикон фарстытыл æрныхас кодтой Ӕхсæнадæмон æхсæнадон змæлд "Стыр Ныхас"-ы хистæр Кучиты Руслан æмæ змæлды хуссарирыстойнаг хайады разамонæг Гаглойты Роберт.

Æппæтирон гуырахстджын уанел æрфысым кодта Паддзахадон театры ногарæзт бæстыхай. Маддзалмæ æрцыдысты ирон диаспорӕты минӕвӕрттӕ дунейы бирӕ бӕстӕтӕй: Уӕрӕсе, Бразили, Ног Зеланди, Йемен, Канадӕ ӕмӕ Ныгуылӕн Европӕйы бӕстӕтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0