Майдантæ исгæйæ: ирон æрмхæцджыты ралæудты видео

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæ балхынцъ кодтой сæ ралæудтæ дунейы фыццагады

Ирон æрмхæцджытæ æрыздæхынц Ирыстонмæ дыууæ сыгъзæрин æмæ æртæ æвзист майданимæ. Рахиз æмæ галиу къухтæй фæйнæ сæгъзæрин майдан рамбылдта Гасситы Сослан. Йæ æмсекционтæ — Дыгъуызты Милена, Хæбæлаты Арсен æмæ Плиты Батрадз та рамбылдтой æвзист майдантæ.

"Ерысты хæдразмæ радтам ныфс, Ирыстоны хæдбардзинады банымады юбилейон азы ахадгæ уæлахизтæ кæй хъуамæ æрхæссæм нæ райгуырæн бæстæм æмæ нæ спортсментæ сæ ныхæсты лæг разындысты. Иууылдæр хорз стох кодтой", — загъта сæ тренер Джиоты Валерий.

Гасситы Сосланы хæзнадоны ис дунейон ерысты 7 сыгъзæрин майданы, уый дарддæр хизы хистæр кары категоримæ.

Хæбæлаты Арсен у 2016 азы Уæрæсейы чемпион,2017 азы æвзист призер æмæ 2018 азы бронзæйон æмæ 2018 азы дунейы чемпионаты æвзист призер.

Плиты Батрадз Уæрæсейы фыццагады фæстаг дыууæ азы фæд-фæдыл рамбылдта æвзист майдантæ, ныр ма сæм æрбафтыд дунейон æвзист Туркы ерыстæй.

Дыгъуызты Милена у 2017-2018 æзты Уæрæсейы уæлахиздзау, ацы æзты Европæйы æвзист призер æмæ фæстаг æнтыст хынцгæйæ та 2017-2018 æзты дунейы чемпионаты æвзист æмæ бронзæйон призер.

Ног хабӕртты лентӕ
0