Куыд рамбылдта Гасситы Сослан уæйыгы – видео

Рафыссын
Дзæуджыхъæуы гуырахстджын турниры Гасситы Сослан ауагъта æхсæз уæлахизхæссæг фембæлды

Уæрæсейы сгуыхт тренер Еналдыты Асланбеджы номыл æппæтуæрæсейон турниры Дзæуджыхъæуы Гасситы Сослан рамбылдта сыгъзæрин майдан. Цхинвайлаг æрмхæцæджы категорийы тох кодта 20 спортсмены бæрц, уыдон сæ фылдæр уыдысты Сосланæй зынгæ уæззаудæр. Æрдæгфиналы уый ныббырста 180 кг уæзы спортсмены.

Гасситы Сослан у Хуссар Ирыстоны иууыл æнтыстджындæр æрмхæцæг, хистæр кары категоримæ ахызты агъоммæ æхсæз азы дæргъы уыд æппынæдзух лидер æрыгæтты хсæн, хорз бæрæггæнæнтæ æвдисы профессионалты рæнхъыты дæр.

Мадзал цыд 29 июны Дзæуджыхъæуы, спорты галуан Манеж"-ы. Ерыстæ æрæмбырд кодтой 200-æй фылдæр спортсмены Уæрæсейы 27 субъекттæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0