Разæсгарæджы райгуырæн бæстæ: цы зонынц Лохты Владимиры тыххæй Хуссар Иры

Рафыссын
Разæсгарæджы сгуыхтдзинæдтæй бирæтæн нырма дæр нæй раргом кæнæн, фæлæ дырысæй бæрæг у, уый кæй куыста Скæсæны ʻрдыгæй, йæ профессионалон архайды йын нæ уыд иу рæдыд дæр, нымад цæуы нывыл разæсгарæгыл

Азы райдайæны Уæрæсейы разæсгарсты службæ раргом кодта цалдæр разæсгарæджы нæмттæ. Номдзыд æфсæддонты нымæцы бахауд Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Пичъиджыны хъæуæй рацæугæ Лохты Владимир (Мурман). Sputnik бацымыдис кодта цы зонынц Хуссар Иры дзырддзæугæ лæджы тыххæй.

Хъæуы уæлмæрды йе ʻнусон бынат ссардта разæсгарæг-нелегалы фыд Иосиф (Асан), Цхинвалы цæры йе ʻфсымæры фырт, ууыл дæр сæвæрдтой йæ ном – Владимир.

Службæйыл æнувыд лæг бирæ рæстæг цард фæсарæнты дæр, фæлæ Советон цæдисы-иу куы уыд, уæд алыхатт дæр уардта рæстæг йæ чысыл райгуырæн бæстæмæ æрцæуынæн. Скодта бинонтæ, йе ʻмкъай ссис зындгонд уæрæсейаг фысссæг Лев Толстойы æввахс хæстæг.

Йæ райгуырæн хъæу æмæ бинонты ʻхсæн уый зыдтой Мурманæй, скъолайы фæстæ уый ацыд ахуырмæ Бакумæ, уым йæ æфсымæры лæппу Владимиры ныхæстæм гæсгæ, уый бахауд сæрмагонд структурæты хъусдарды бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0